Бигӕ ӕмӕ хуыйгӕ: Цхинвалы хицӕн адӕймӕгтӕ срӕвдз кодтой маскӕты рауагъд

© фото из архива Таиры ГаглоевойБигӕ ӕмӕ хуыйгӕ: Цхинвалы хицӕн адӕймӕгтӕ срӕвдз кодтой маскӕты рауагъд
Бигӕ ӕмӕ хуыйгӕ: Цхинвалы хицӕн адӕймӕгтӕ срӕвдз кодтой маскӕты рауагъд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
COVID-19 апарахаты тас Цхинвалы ӕмӕ Уӕрӕсейы дӕр сӕвзӕрын кодта хъахъхъӕнӕг ӕрмӕджыты дефицит ӕмӕ сын ӕнахуыр тынг фӕбӕрзонд кодта сӕ ӕргътӕ

ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны афтекты тæрхджытыл медицинон маскӕты цухдзинад бирӕты сӕ къухмӕ райсын кодта бийӕн мигӕнӕнтӕ, аннӕтӕ та  бабадтысты хуыйӕн машинӕты уӕлхъус.

COVID-19 апарахаты тас Цхинвалы ӕмӕ Уӕрӕсейы дӕр сӕвзӕрын кодта хъахъхъӕнӕг ӕрмӕджыты дефицит ӕмӕ сын ӕнахуыр тынг фӕбӕрзонд кодта сӕ ӕргътӕ.

© Фото из архива Ольги КокоевойБигӕ ӕмӕ хуыйгӕ: Цхинвалы хицӕн адӕймӕгтӕ срӕвдз кодтой маскӕты рауагъд
Бигӕ ӕмӕ хуыйгӕ: Цхинвалы хицӕн адӕймӕгтӕ срӕвдз кодтой маскӕты рауагъд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бигӕ ӕмӕ хуыйгӕ: Цхинвалы хицӕн адӕймӕгтӕ срӕвдз кодтой маскӕты рауагъд

Уымӕ гӕсгӕ, инициативон къорд срӕвдз кодта маскӕты рауагъдад Цхинвалы. Ацы куыстыл архайы хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс". Йӕ сӕрдар Гаглойты Таирайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бонӕй-бонмӕ сӕ къорды адӕм фылдӕрӕй фылдӕр кӕнынц.

"Бахуыйдзыстӕм, цасдӕриддӕр бахъӕуа, уый бӕрц. 300 уал нӕм сцӕттӕ ис ныр дӕр. Фыццаг партитӕ лӕвӕрд цӕуынц, сӕ куысты ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуынц, уыдонӕн. Стӕй та хисӕрмагонд адӕмӕн, кӕцытӕ нӕм ӕрбадзурынц телефонӕй", - загъта Гаглойты Таира.

Хӕрзгӕнджытӕ кусынц цалдӕр боны дӕргъы ӕмӕ се ‘ххуысгӕнджыты нымӕц ӕппынӕдзух фылдӕр кӕны.

"Куыстмӕ нӕм ӕрбамбал сты Гӕбулты Мӕдинӕ, Джиголаты Нина, Харебаты Мӕдинӕ ӕмӕ Бестаты Вадим. Абон мӕм Мӕскуыйӕ Ушаков Сергей фӕдзырдта ӕмӕ мын ӕрырвыста 10 мин сомы. Ацы ӕхцатӕй дӕр балхӕндзыстӕм ӕрмӕг, науӕд антисептиктӕ - уыдон дӕр уӕрст цӕудзысты ӕнӕаргъӕй", - бафтыдта инициативон къорды сӕргълӕууӕг.

Афтек - Sputnik Хуссар Ирыстон
Доллар æмæ Covid-19: куыд фæивта хосты базар Цхинвалы

Цхинвалы ма чидӕртӕ та фӕлварынц ӕндӕр фӕрӕзтӕй маскӕтӕ амал кӕнын. Йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ӕввахс адӕмӕн рынчындоны кусӕг Кокойты Ольга та хъахъхъӕнӕг ӕрӕмӕг кӕны бигӕ.

 "Абон бавнӕлдтон сӕ бийынмӕ, иу дзы сцӕттӕ кӕнын иу сахатмӕ. Ӕрмӕг мӕм уый бӕрц нӕй, бийын сӕ ме ٬ввахс адӕмӕн", - зӕгъы чызг.

 Уӕрӕсейы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 3548 (уыдонӕй 2457 Мӕскуыйы). Фӕстаг суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 771 фӕрынчынуӕвӕджы. COVID-19-ӕй фӕмард сты 30 адӕймаджы.

Медицинон хъусдарды бын сты 200 мин адӕймагӕй фылдӕр, ауагътой коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл 500 мин тесты.

Ног хабӕртты лентӕ
0