"Мах ныфс" лӕвар кӕны маскӕтӕ ӕмӕ хӕлцадон тыхтонтӕ

© Из личного архива Жанны КозаевойМаскӕтӕ
Маскӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фонд коронавирусы апарахаты тасы рӕстӕг срӕвдз кодта маскӕтӕ хуыйны куыст, сӕ архайдмӕ цадӕггай бамбал сты ӕххуысгӕнджытӕ

ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" ифтонг кӕны медицинон уагдӕттӕ ӕмӕ ахсджиаг нысаны рауагъдтӕ медицинон маскӕтӕй, ӕххуысхъуаг бинонты та хӕлцады тыхтонтӕй, фехъусын кодта Sputnik фонды хистӕр Гаглойты Таира.

Фонд коронавирусы апарахаты тасы рӕстӕг срӕвдз кодта маскӕтӕ хуыйны куыст, сӕ архайдмӕ цадӕггай бамбал сты ӕххуысгӕнджытӕ. Уыдон уал сифтонг кодтой маскӕтӕй медицинон уагдӕттӕ.

Бигӕ ӕмӕ хуыйгӕ: Цхинвалы хицӕн адӕймӕгтӕ срӕвдз кодтой маскӕты рауагъд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бигӕ ӕмӕ хуыйгӕ: Цхинвалы хицӕн адӕймӕгтӕ срӕвдз кодтой маскӕты рауагъд

"Ныртӕккӕ арвыстам маскӕтӕ Ленингоры районы рынчындон ӕмӕ Сывӕллӕты хӕдзарӕн. Ныридӕгӕн та цӕттӕ кӕнӕм дзулфыцӕн комбинатӕн. Ӕрбахатыдысты нӕм цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕ дӕр", - загъта Гаглойты Таира.

Уый ма банысан кодта, кӕй сӕм ис Ленингоры районӕй ӕххуысхъуаг бинонты номхыгъд, кӕцытӕн фӕнд кӕнынц арвитын ӕххуыс.

"Уыдонӕн цӕттӕ кӕнӕм хӕлцадон продуктты тыхтонтӕ. Ӕнгӕс номхыгъдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Цхинвалы ӕмӕ Дзауы районтӕй дӕр", - бафтыдта фонды хистӕр.

Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" кусы 2012 азӕй фӕстӕмӕ. 

Ног хабӕртты лентӕ
0