Хуссар Иры Генералон прокуратурӕйы ӕрдзырдтой коронавирусы ныхмӕ мадзӕлттыл

© Официальный сайт Генпрокуратуры РФ Дзӕгъиаты Уырызмӕг
Дзӕгъиаты Уырызмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рабадтыл бакуыстой Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл конкретон мадзӕлттыл

ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы ацыд барадхъахъхъӕнӕг органты разамонджыты координацион рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны COVID-19-ы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл конкретон мадзӕлттыл.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент 8-20 апрелы расидт улӕфт бонтӕ

Уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг базонгӕ кодта рабадты хайадисджыты уынаффӕтимӕ "Республикӕйы Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы коронавирусон инфекцийы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн оперативон штаб саразыны фӕдыл" ӕмӕ " Коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл конкретон мадзӕлттыл".

"Республикӕйы генералон прокурор бахахх кодта фыццаджы мадзӕлтты оперативон организацийы ахсджиагдзинад, кӕцытӕ здӕхт ты законад сӕххӕст кӕнынмӕ коронавирусон инфекциимӕ тох кӕныны рӕстӕджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Баззайут хӕдзӕртты": Sputnik сиды Ирыстоны цӕрджытӕм ма хизын уынгмӕ

Рабадтыл бакуыстой Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл конкретон мадзӕлттыл. Рабадты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ аскъуыддзаг кодтой саразын республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органты COVID-19-ы рагфӕдзӕхсты фӕдыл оперативон штабтӕ.

Хуссар Ирыстоны ныридӕгӕн не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты. Дыццӕджы президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрлеьмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад сабаты бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн кӕронмӕ сӕхгӕдтой 12 апрелы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0