Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ иу мӕймӕ ӕрцахстой 40 арӕнхалӕгӕй фылдӕр

© Пресс-служба Погрануправления ФСБ РФ в РЮО Арӕнхъахъхъӕнджытӕ
Арӕнхъахъхъӕнджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Карантин ӕмӕ тӕссаг эпидемиологон уавӕрмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, арӕны фехӕлдты нымӕц марты фӕфылдӕр февралы бӕрӕггӕнӕнтӕй

ЦХИНВАЛ, 13 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн марты фехӕлдтой 40 адӕймагӕй фылдӕр, хъусын кӕны къуырисӕры Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад коронавирусы пандемийы тыххӕй иу мӕйы размӕ сӕхгӕдтой арӕн Гуырдзыстонимӕ, арӕнӕвӕрдон режимы кусы Уӕрӕсеимӕ арӕн.

"Арӕны хӕйттыл Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ марты ӕрурӕдтой 41 фӕткхалӕджы. Уыдонӕй фондз фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 36 та арӕнгӕрон режим. Февралы арӕнхалджыты нымӕц уыд къаддӕр – 38 адӕймаджы", - радзырдтой уагдоны пресс-службӕйы.

ПӔК арӕнгӕрон службӕ алкӕцы цауы фӕдыл дӕр ауагъта равзӕртстытӕ, кӕцыты фӕстиуӕгӕн фӕткхалджыты ӕрбаздахтой административон бӕрнмӕ. Административон ивар бафыстой 27 адӕймаджы, дыууӕйы арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ ӕнӕ иварон санкцитӕй, ноджы 12 адӕймаджы та бафӕдзӕхстой.

Контрабандӕ Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл активизаци кӕны контрабандон архайд – ПӔК

"Иумӕйагӕй арӕнсӕтджытӕ бафыстой паддзахадон бюджетмӕ 42,5 мин сомы", - банысан кодтой ПӔК.

Уагдоны фехъусын кодтой, кӕй хъӕуы райсын барлӕвӕрд хӕдзарадон ӕмӕ ӕндӕр архайд ӕххӕст кӕныны фӕдыл арӕнгӕрон зонӕйы, афтӕ ма хъӕуы ӕххӕст кӕнын арӕнгӕрон режимы фӕтктӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0