Басудзын фыдбылызтæ æмæ бæллæхтæ: Цхинвалы банысан кодтой Артгæнæнтæ

© Sputnik / Наталья Айриян Артгæнæнтæ
 Артгæнæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон адæмы рагзамантæй фӕстӕмӕ уырныдта, артгæнæнты зынджы кӕй басудзынц сӕ фыдбылызтæ æмæ низтæ, уый тыххæй æгъдау домы арты сæрты æртæ гæппы акӕнын

ЦХИНВАЛ, 16 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны æртыццæджы изæры банысан кодтой рагфыдӕлты бӕрӕгбон — Артгæнæнтæ.

Ацы изæр фæздæджы тæф ахъардта æгас горæты – æртыты рухсытæ калдысты цæхæрæдæттæй, бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæй, æгæрыстæмæй фæндæгтыл дæр байдзаг сты æртытæ. Кæцыдæртæ арт бафтыдтой зæронд дарæсыл, фæсивæд та разæвæлгъау самал кодтой хæдтулгæты зæронд цæлхытæ, цæмæй цæсты бахауой иууыл стыр арт æмæ фæздæджы пиллонæй.

Вирусы апарахаты тас та ам дæр бахаста йæ ивындзинæдтæ - ацы аз Артгæнæнты сæйраг атрибуттæ уыдысты зынгæ чысылдæр, сæ алыварс адæмы тыгуыртæ та къаддæр.

Куыддæр изæрмилтæ кодта афтæ сабитæ райдыдтой цæттæ кæнын æрвылазон ритуалмæ. Цхуырбаты дыууæ æфсымæры сæ арт сарæзтой корпусы тæккæ раз.

"Дада дзуры, æртæ хатты хъуамæ йæ сæрты агæпп кæнай, уымæй фæсурдзынæ дæ фыбылызтæ æмæ проблематæ. Стæй дзы йæ зынгыл сцæттæ кæндзыстæм картоф æмæ кæсаг", - дзуры сæ иу, Сослан.

Иууыл егъаудæр артытæ сарæзтой горæты кæрæтты - микрорайон "Шанхай" æмæ горæтгæрон хъæу Гудзабары. Чысыл сабитæй сæ ныфс чи нæ хаста, уыдонæн арты сæртыл гæпп кæнын æххуыс кодтой хистæртæ.

Ирон адæмы фыдӕлты рагзамантæй фӕстӕмӕ уырныдта, артгæнæнты зынджы кӕй басудзынц фыдбылызтæ æмæ низтæ, уый тыххæй-иу Куадзӕны размӕ ӕртыццӕджы банысан кодтой Артгӕнӕнтӕ. Нартхоры хӕлттӕ, бæлæсты сыфтæр, сӕнӕфсиры ӕхсӕдӕнтӕ, къæцæлтæ æмæ æндæр быронæй-иу скодтой артытæ. Ӕгъдау домдта æртæ гæппы арты сæрты акӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0