Уӕрӕсе ӕххуыс кӕны Хуссар Ирыстонӕн коронавирусимӕ тох кӕнынӕн – Лавров

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавров
Сергей Лавров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр радзырдта ӕххуысы тыххӕй, кӕцы ӕххӕст кӕны Уӕрӕсейы Федераци коронавирусон инфекцийы апарахаты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik. Уӕрӕсе ӕххуыс кӕны Хуссар Ирыстонӕн коронавирусон пандемийы уавӕрты, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Сергей Лавров.

Министр банысан кодта, Уӕрӕсе кӕй ӕххуыс кӕны ӕндӕр бӕстӕтӕн, сӕ нымӕцы Итали ӕмӕ Америкӕ, кӕцытӕ иууыл тынгдӕр зиан баййӕфтой вирусӕй, сӕ удон традицитӕм гӕсгӕ.

Сергей Лавров бафтыдта, Уӕрӕсейы Федерацийы хицауадмӕ кӕй ӕрбацыд уӕлӕмхасӕн бадзырдтӕ кӕцыдӕр бӕстӕтӕй, ӕмӕ уыдонмӕ иууылдӕр ӕркастысты.

"Алкӕцы бадзырд дӕр ХПӔ бӕстӕтӕй кӕнӕ Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй нӕ баззайы ӕнӕ хъусдардӕй", - бахахх кодта Лавров.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина радзырдта, уӕрӕсейаг фарс республикӕйы хицауады бадзырдмӕ гӕсгӕ кӕй рахицӕн кодта ӕнӕмӕнгхъӕуӕг медикаменттӕ ӕмӕ сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, Уӕрӕсейы Федерациимӕ бадзырдты фӕлгӕтты республикӕйӕн кӕй рахицӕн кӕндзысты уӕлӕмхасӕн ӕххуыс куы бахъӕуа, уӕд.

Тедеты Дзамболат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Дзамболат ӕрырвыста Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирмӕ 15 тонны антисептиктӕ

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрельмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0