Уæрæсейæ æрцæуæггæгтæн сарæзтой коронавирус сбæрæг кæныны фæдыл тест

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейæ æрцæуæггæгтæн сарæзтой коронавирусы тест
Уæрæсейæ æрцæуæггæгтæн сарæзтой коронавирусы тест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тесты хатдзæгтæ лабораторийæ райсдзысты цыппæрæмы изæры

ЦХИНВАЛ, 23 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейæ цы æмбæстæгтæ æрыздæхтысты, уыдонæн сарæзтой тесттæ коронавирусы тыххæй, загъта Sputnik Югосетпотребнадзоры хистæры хæдивæг Гаглойты Анна.

Тесттæ сарæзтой æмбæстæгтæн, кæцытæ 'рцыдысты сты Хуссар Ирмæ 13 апрелы. Уыдон æрцыдысты РХИ ФХМ Дзæуджыхъæуы уæвæг консулон хайады æмархайдæй, бакодтой сæ республикон рынчыдоны карантины.

"Тестты хатдзæгтæм æнхъæлмæ кæсæм лабораторийæ абон изæры", - загъта Гаглойты Анна.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 60 адæймаджы та сты хисæрмагонд изоляцийы æмæ рынчындæтты.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сарӕзтой 100 тестӕй фылдӕр коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл

"Хисæрмагонд изоляцийы ис дæс адæймаджы, уыдон сты Ленингоры районы. РБМК-ы стационарон уавæрты 34 адæймаджы, кæцытæ æрцыдысты республикамæ ФХМ Дзæуджыхъæуы уæвæг консулон хайады æмархайдæй. Дæс адæймаджы сты медикты хъусдарды бын инфекцион хайады, Ӕртæ адæймаджы ис Ленингоры рынчындоны, æртæ шофыр та сты уазæгдон "Алан", - загъта уый.

Ӕдæппæтæй Хуссар Иры сарæзтой 134 тесты, коронавирусæй рынчынтæ республикæйы нæй. 

Ног хабӕртты лентӕ
0