Хуссар Ир арвитдзӕн Дзӕуджыхъӕумӕ рӕуджыты вентиляцийы ӕртӕ аппараты

© SputnikРӕуджыты вентиляцийы аппарат
Рӕуджыты вентиляцийы аппарат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолимӕ Цӕгат Ирыстонмӕ аппараттӕ арвитыны фӕдыл куырдиатимӕ бадзырдта регионы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав

ЦХИНВАЛ, 27 апр – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Къуырисӕры рӕуджыты вентиляцийы ӕртӕ аппараты арвитдзысты Цӕгат Ирыстонмӕ, фехъусын кодта Sputnik республикон бирӕпрофилон медицинон центры сӕйраг анестезиолог ӕмӕ реаниматолог Плиты Александр.

Амӕйразмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бадзырдта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолимӕ, цӕмӕй РЦИ-Аланимӕ арвитой рӕуджыты вентиляцийы аппараттӕ COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты хоскӕнынадӕн.

"Астӕуккаг классы ӕртӕ аппараты арвитдзыстӕм абон Дзӕуджыхъӕумӕ. Уый фӕстӕ Хуссар Ирыстоны баззайдзӕн рӕуджыты вентиляцийы 23 аппараты", - фехъусын кодта Плиты Александр.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, куы бахъӕуа, уӕд аппараттӕ ӕрыздӕхдзысты республикӕмӕ.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц ахызт 500 адӕймагӕй

Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 549 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны абоны бон нӕй коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджытӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий адарддӕр кодта ӕнӕкусӕгон бонтӕ 30 апрелы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0