Дменисы цæрджытæ байстой артæй се 'мхъæуккаджы хæдзар

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæЗынгсирвæзт
Зынгсирвæзт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цалынмæ зынгфæдисонтæ цауы бынатмæ хæццæ кодтой, уæдмæ хъæуы цæрджытæн бантыст ахуыссын кæнын арт

ЦХИНВАЛ, 28 апр - Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы районы Дменисы хъæуы ссыгъд бынæттон цæрæджы хæдзар, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службæйы.

Министрады радгæсонтæм зынгсирвæзты тыххæй фехъусын кодтой къуырисæры изæрæй, 18.35 сахатмæ æввахс.

"Иууæладзыгон агъуыстæн ссыгъд йæ уæлхæдзар. Цалынмæ зынгфæдисонтæ бынатмæ хæццæ кодтой, уæдмæ арт хуыссын кæнын райдыдтой сыхæгтæ. Уыдонæн бантыст байсын хæдзар зынгæй", - радзырдтой УУМ пресс-службæйы.

Бæллæхы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй, бафтыдтой уæлвæткон уагдоны.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0