Уӕлахизы бон Цхинвалы ацӕудзӕн онлайн-концерт

© ЮОГУ ТВКонцерт ХИПУ
Концерт ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрӕгбонмӕ сфӕлдыстадон нывӕзт цӕттӕ кӕны ХИПУ, уый трансляци цӕудзӕн университеты актон залы сценӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет Стыр Уӕлахизы бон ратдзӕн онлайн-концерт сфӕлдыстадон студентты тыхтӕй. Концерт трансляци цӕудзӕн ХИПУ-йы официалон сайтыл ӕмӕ йӕ фӕрстыл социалон хызӕгтӕ Facebook ӕмӕ Instagram-ы, хъусын кӕны ахуырадон уагдоны сайт.

Концерт райдайдзӕн 9 майы 11 сахатыл.

"Студенттӕ сӕххӕст кӕндзысты хӕстон зарджытӕ. Мадзал ахӕсдзӕн иу сахат ӕмӕ ӕрдӕг, комкоммӕ трансляцийӕ дарддӕр ма ӕвдыст ӕрцӕудзӕн фӕлхатт дӕр. Мӕхӕдӕг сӕххӕст кӕндзӕн хӕстон зарӕг "Возвращайся домой", - загъта концерты архайӕг, студенткӕ Джиоты Люба.

Хуссар Ирыстоны, куыд ӕппӕт Уӕрӕсейы дӕр, афтӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75 азы бон уӕрӕхӕй банысан кӕныны фадӕттӕ сты къуындӕг коронавирусы апарахат ма рауадзыны фӕдыл тобӕты аххосӕй. Бирӕ мадзӕлттӕ кӕнынц онлайн форматмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0