5000 сомы телефонмӕ: Мегафон Хуссар Ирыстон раарфӕ кодта ветерантӕн

© Sputnik / Наталья АйриянМегафон Хуссар Ирыстон
Мегафон Хуссар Ирыстон  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны чырон бастдзинады иунӕг оператор ӕрвылаз дӕр ауадзы хӕрзаудӕн акцитӕ ветерантӕн

ЦХИНВАЛ, 12 май - Sputnik, Козаева Диана. Стыр Фыдыбӕстон хӕсты уӕлахизы 75-азон юбилейы цытӕн Хуссар Ирыстоны ветерантӕн компани "Мегафон Хуссар Ирыстон" балӕвар кодта смартфонтӕ. Уымӕй дарддӕр ма бӕрӕгбонмӕ ветеранты хыгъдты сӕвӕрдтой фӕйнӕ 5000 сомы, загъта Sputnik компанийы ӕхсӕнадимӕ бастдзинӕдты фӕдыл специалист Бежанты Зӕринӕ.

Компани раарфӕ кодта ветерантӕн Культурӕйы министрадимӕ иумӕ. "Мегафон Хуссар Ирыстон" ӕрвылаз дӕр ауадзы хӕрзаудӕн ӕмӕ мысӕн акцитӕ Уӕлахизы боны цытӕн.

"Ацы аз 9-11 майы компанийы кусджытӕ сфӕнд кодтой раарфӕ кӕнын алы ветеранӕн дӕр сӕрмагондӕй, зӕгъын сын бузныг сӕ хъайтардзинад ӕмӕ удуӕлдайдзинады тыххӕй, кӕцытӕ равдыстой Стыр Фыдыбӕстон хӕсты рӕстӕджы. Фронтовиктӕн балӕвар кодтой нырыккон смартфонтӕ, афтӕ ма сын уӕлбарон тариф "Ветеран"-ы фӕлгӕтты сӕ телефонты сӕвӕрдтой фӕйнӕ 5 мин сомы", - радзырдта Бежанты Зӕринӕ.

Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, аст азы размӕ компани кӕй сарӕзта сӕрмагонд тариф "Ветеран", цӕмӕй ацӕргӕ адӕмӕн комфортон уавӕртӕ саразой се 'ввахс адӕмимӕ телефонӕй дзурынӕн. Зӕринӕ ма банысан кодта, ацы акцитӕ кӕй сты ӕрмӕстдӕр бузныджы чысыл хай, кӕцы хъӕуы дзурын ветерантӕн Уӕлахизы сӕраппонд сӕ фыдӕбоны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0