Президент: мад ноггуырды "Алолай" зарæгимæ куы уза, уæд ирон æвзагæн тас нæу

© Sputnik / Natalia AiriyanБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон æвзаджы бæрæгбон фидаргонд æрцыд 2003 азы, Хетæгкаты Къостайы ӕмбырдгонд  "Ирон фæндыр" рухсмæ 1899 азы 15 майы кæй фæзынд, уый тыххæй

ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны мадӕлон ӕвзаджы боны цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ ауадзыны фадат нæ радта коронавирусы пандемии, фæлæ уымæй иу мисхалы бæрц дæр не ‘рныллæг сты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахадындзинад æмæ нысаниуæг, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы раныхасы.

Бæрæгбон фидаргонд æрцыд 2003 азы, Хетæгкаты Къостайы ӕмбырдгонд  "Ирон фæндыр" рухсмæ 1899 азы 15 майы кæй фæзынд, уый тыххæй. Уæдæй фæстæмæ йæ æрвылаз дæр нысан кæнынц уæрæхæй, æгæрыстæмæй Ирыстонæн æддейæ дæр.

"Зынаргъ æмбæстæгтæ! Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл! Мæ зæрдæ уын зæгъы, зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ, сабырад, амонд æмæ монон хъæздыгдзинад! Уадз æмæ алы хæдзары, алы бинонты дæр æлдариуæг кæнæд æнæниздзинад æмæ фæрныгад. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд", - дзырдӕуы президенты арфӕйы.

Йӕ арфӕйы ма бæстæйы сæргълæууæг ӕрхаста зынгӕ ирон поэт Дзуццаты Хадзы-Мурӕты ӕмдзӕвгӕйы рӕнхъытӕ, цы ран классик фыссы ирон ӕвзаг ӕмӕ йӕ фидӕныл.

Къостайы цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон æвзаг - ирон удты цæрæнбон, "Ирон фæндыр"-ирон зæрдæты цагъд

"Хуымæтæджы нæ рантыстысты мыййаг ирон советон литературæйы классик Дзуццаты Хадзы-Муратæй мæнæ ахæм фæдисмæсидæг рæнхъытæ: "Ма тæрсут, не взаг ис немæ ӕмæ та йемæ, ногæй ферттивдзæн не хсар дунемæ!", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Паддзахады разамонӕнг ма банысан кодта, цы арӕзт цӕуы хицауады рдыгӕй, цӕмӕй хъахъхъӕд ӕрцӕуа  æвзаг, кæцыйыл фыстой Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Джусойты Нафи æмæ Джыккайты Шамил, кæцы махы онг фæхæццæ кодта фыссынады бæрзонддæр цырт – Нарты эпос.

"Ирон æвзаджы фидæн хъахъхъæд цæуы "Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æвзæгты тыххæй" Конституцион закон æмæ ирон æвзаджы рæзты программæйæ. Хуссар Ирыстоны хицауады уæвынад кæны ирон æвзаг бахъахъхъæнын, рæзын æмæ ахуыр кæныны фæдыл иудадзыг архайæг къамис", - бафтыдта уый.

Президент ма хъусдард аздӕхта, мадӕлон ӕвзаг бахъахъхъныны хъуыддаджы сӕйраг кæй сты бинонтӕ.

"Мах нырæй фæстæмæ дæр æппæт тыхтæ здахдзыстæм мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæнынмæ. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон æвзаг бахъахъхъæныны хъуыддаджы сæйраг сты бинонтæ. Хæдзары мад ноггуырды "Алолай" зарæгимæ куы уза, сывæллæттæн ирон аргъæуттæ æмæ Нарты эпосæй кадджытæ куы кæна, хистæртæ иронау куы кувой, уæд ын тас нæу санскрит æмæ æндæр амæлæг æвзæгты хъысмæтæй", - бафиппайдта Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0