Цхуырбаты Мира Зары трагедийы тыххӕй: горӕт уыд маст ӕмӕ тасы бын

Рафыссын
Абон Хуссар Ирыстоны мысынц ирон адӕмы ныры историйы иууыл ӕгъатырдӕр фыдракӕндтӕй сӕ иуы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

ЦХИНВАЛ, Sputnik - 20 май, Годжысаты Анна. Зары трагеди у иууыл ӕгъатырдӕр цаутӕй сӕ иу гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг конфликты, загъта Хуссар Ирыстоны фӕндзӕм ӕрсидты парламенты вице-спикер Цхуырбаты Мира.

"Хъуыды кӕнын, горӕты уыцы бонты цы масты уыд. Нӕ лӕппуты фӕндыд бацахсын гуырдзиаг хъӕутӕ, фӕлӕ сӕ къухдариуӕгад баурӕдта. Ӕппӕт адӕм уыдысты масты", - банысан кодта Цхуырбаты Мира.

Уый банысан кодта, Гуырдзыстоны ныры онг кӕй нӕ ауагътой фӕдагуырд ацы хъуыддаджы фӕдыл ӕмӕ не сбӕрӕг кодтой ацы трагедийы аххосджынты.

Зар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны мысынц Зары трагедийы амæттæгты

"Гуырдзиаг къухдариуӕгад ӕмӕ адӕм арӕх фӕдзурынц Хуссар Ирыстоны ахастытӕ сфидар кӕныны фӕдыл. Ӕмӕ ууыл дзурыны размӕ нырма хъуамӕ банымайой нӕ хӕдбардзинад ӕмӕ басӕттой фыдракӕндтыл. Уыдон хъуамӕ ауадзой фӕдагуырд ӕмӕ бафхӕрой Зар ӕмӕ Ереды трагедиты аххосджынты", - бахахх кодта Цхуырбаты Мира.

Зары трагеди нымад æрцыд Хуссар Ирыстоны ног историйы иууыл æгъатырдæртæй сæ иуыл, йæ амæттаг баисты 36 адæймаджы, 12 райстой цæфтæ. Фæмардуæвджытæй иууыл кæстæр уыд 11-аздзыд сывæллон, иууыл хистæрыл та цыд 76 азы.

Абон Хуссар Ирыстоны æруагътой паддзахадон тырысатæ Зары трагедийы амæттæгты мысæнæн. Фыдракæнды бынаты фæмардуæвджыты цыртмæ сæвæрдзысты дидинтæ, ацæудзæн дзы фыдохы митинг.

Ног хабӕртты лентӕ
0