Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Арцахы равзӕрстгонд президентӕн

Рафыссын
Республикӕйы равзӕрстгонд сӕргълӕууӕг Араик Арутюнян баивта ацы бынаты Бако Саакяны, Арцахы ӕртыккаг президенты

ЦХИНВАЛ, 22 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Араик Арутюнянӕн Республикӕ Арцахы президент кӕй ссис, уый фӕдыл.

Президентон ӕвзӕрстыты дыккаг туры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ 15 апрелы Республикӕ Арцахы президентӕй равзӕрстой парти "Сӕрибар Фыдыбӕстӕ"-йы сӕрдар Араик Арутюняны. Арцахы цыппӕрӕм президенты инаугураци ацыд 21 майы.

"Ӕвзӕрстыты фӕстиуджытӕ равдыстой, Республикӕ Арцахы ӕхсӕнад кӕй банымадта Дӕ сгуыхтдзинӕдтӕ адӕмы раз ӕмӕ хорзыл банымадта Дӕ программӕ, кӕцы здӕхт у бӕстӕйы райрӕзтмӕ", - фехъусын кодта Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы.

Афтӕ ма президент равдыста ныфс, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Арцахы хсӕн ахастытӕ кӕй райтынг уыдзысты, Арцахы сӕргълӕууӕджы миниуджытӕ та кӕй уыдзысты здӕхт республикӕйы райрӕзтмӕ ӕмӕ адӕмы хӕрзӕбонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0