Хуссар Иры прокурортӕ басгардзысты каратиныл уӕвӕг адӕмы хӕлцады фӕдыл хӕрдзтӕ

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры прокурортӕ басгардзысты каратиныл уӕвӕг адӕмы хӕлцады фӕдыл хӕрдзтӕ
Хуссар Иры прокурортӕ басгардзысты каратиныл уӕвӕг адӕмы хӕлцады фӕдыл хӕрдзтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абоны бон республикӕйы карантиныл сты сӕдӕ адӕймагӕй фылдӕр, сӕ фылдӕр хайы сизоляци кодтой медицинон уагдӕтты

ЦХИНВАЛ, 26 мая – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны прокурортӕн бахӕс кодтой басгарын фӕрӕзты хардзкӕнынад, кӕцытӕ рахицӕн кодтой карантиныл уӕвӕг ӕмбӕстӕгтӕн хӕлцадон продукттӕ балхӕнынӕн, фехъусын кодта республикӕйы генералон прокуратурӕйы пресс-службӕ.

Дзӕгъиаты Уырызмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Генералон прокуратурӕйы ӕрдзырдтой коронавирусы ныхмӕ мадзӕлттыл

Хӕслӕвӕрд радта генералон прокуроры фыццаг хӕдивӕг Битеты Сергей коронавирусимӕ тох кӕныны фӕдыл уагдонон оперативон штабы рабадтыл.

Афтӕ ма Битеты Сергей бахӕс кодта фӕтыхджындӕр кӕнын цӕстдард хӕлцадон продуктты райуӕрстмӕ ӕмӕ карантинон уавӕрты ӕмбӕстӕгты бартӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.

Афтӕ ма уагдоны пресс-службӕйы фехъусын кодтой, ӕфсӕддон прокуратурӕ республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрадимӕ иумӕ кӕй уадзынц басгӕрсттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной, куыд ӕххӕст кӕнынц Уӕрӕсейы ахуырадон уагдӕтты курсанттӕ карантин.

Амӕйразмӕ ахуыры рæстæг æмгъуыдæй раздæр кæй фæцис, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонмæ æрыздæхтысты 250 курсанты Уæрæсейы æфсæддон ахуырадон уагдӕттӕй. Сæ райгуырæн бæстæм æрцыды фæстæ уыдон бакодтой карантины.

Хуссар Ирыстоны майы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 37 фӕрынчынуӕвӕджы. Сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой ӕмӕ сӕ рафыстой рынчындонӕй, хоскӕнынад стационары цӕуынц 14 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0