Хуссар Иры цӕрджытӕм ацы къуыри ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы цӕрджытӕ улӕфдзысты ӕртӕ боны фӕд-фӕдыл Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны Акт райсыны боны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 28 май — Sputnik. Хуссар Ирыстон ацы къуыри нысан кӕны РХИ хӕдбардзинады Акт райсыны бон, уый фӕдыл республикӕйы цӕрджытӕ улӕфдзысты ӕртӕ боны.

Бӕргбонон датӕ майрӕмбонмӕ кӕй ӕрхаудта, уый фӕдыл кусӕгон цӕрджытӕн дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ уыдзысты 29-31 майы.

Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны Акт райста республикӕйы Уӕлдӕр совет 1992 азы 29 майы. Президенты барамындмӕ гӕсгӕ, ацы датӕ бахастой Хуссар Ирыстоны бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0