МХМ къордтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахизы парадмӕ Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянМСНК кусджытӕ
МСНК кусджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ райдыдтой рӕнхъон тренировкӕтӕ Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды бӕстыхайы

ЦХИНВАЛ, 2 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) парадон къордтӕ, кӕцытӕ хайад райсдзысты бӕрӕгбонон маршы Цхинвалы центры, райдыдтой рӕнхъон цӕттӕкӕнынад, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

Уӕлахизы парад Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлахизы Парад Хуссар Иры ацӕудзӕн Сырх Фӕзуатыл парадимӕ иу бон

Амӕйразмӕ республикӕйы президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, Стыр Фыдбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75 азы юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон парад кӕй ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны столицӕйы 24 июны. Майы республикӕйы ацыдысты сӕрмагонд парадтӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветерантӕн.

"Ныртӕккӕ парадон къордтӕ кусынц рӕнхъон цӕттӕкӕнынадыл. Парады хайад райсынмӕ цӕттӕ кӕнынц мидхъуыддӕгты органты 200-мӕ ӕввахс кусӕджы – сылгоймӕгты парадон къорд, милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны МХМ курсанттӕ, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц УФ МХМ профилон ахуырадон уагдӕтты", - радзырдтой уагдоны.

Афтӕ ма парады рацӕудзӕн милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) бронетехникӕ дӕр – цыппар БТР-80. Нырма репетицитӕ цӕуынц МСНК бӕстыхайы, уый фӕстӕ уыдон адарддӕр уыдзысты республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады ӕмӕ УФ 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы плацыл. Уӕлахизы парады генералон репетицитӕ уагъд цӕудзысты Театралон фӕзуатыл 19-22 июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0