Бибылты Анатолий: Хуссар Иры социалон кусджытӕ дӕттынц ирд сомбоны ныфс

© Sputnik / Сергей Пивоваров /  Ахизын медиабанкмæСоциалон кусджытӕ ӕххуыс кӕнынц хистӕр кары адӕмӕн
Социалон кусджытӕ ӕххуыс кӕнынц хистӕр кары адӕмӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта социалон кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ банысан кодта, пандемийы уавӕр хынцгӕйӕ, сӕ куыст ссис ноджы хъӕугӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 8 июн - Sputnik. Социалон хъахъхъӕнынады фадыджы сӕ бон у кусын ӕрмӕстдӕр ӕргом ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕмӕн. Сӕ куысты руаджы ӕххуыс райсынц хистӕр кары адӕм, инвалидтӕ, бирӕсывӕллонджын бинонтӕ ӕмӕ сабитӕ, кӕцытӕ баззадысты ӕнӕ хъусдардӕй. Уый тыххӕй дзырдӕуы Бибылты Анатолий арфӕйы Социалон кусӕджы боны цытӕн.

Президент бахахх кодта, ног коронавирусон инфекцийы пандемийы уавӕр хынцгӕйӕ, социалон кусджыты мисси ссис ноджы хъӕугӕдӕр ӕмӕ дӕтты ирд сомбоны ныфс.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад алцыдӕр аразы, цӕмӕй баххуыс кӕна социалон проекттӕн, кӕцытӕ здӕхт сты хӕрзаудӕн акцитӕм ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад, культурӕ, спорт ӕмӕ ӕндӕр фадгуыты райрӕзтмӕ. Тынг ахсджиаг у, нӕ ӕмархайды руаджы кӕй фылдӕр кӕны адӕмы царды ӕмвӕзад", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий загъта бузныг социалон кусджытӕн сӕ хорздзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕйы тыххӕй. Президенты цӕст сын бауарзта фидар ӕнӕниздзинад, амонд ӕмӕ хӕрзӕбон сӕ хиуӕттӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0