Хуссар Иры ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стӕгдартӕ

© МВД РЮОХуссар Иры ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стджытӕ
Хуссар Иры ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы цӕрӕг ӕнӕнхъӕлӕджы скъахта стджытӕ хъӕууон хӕдзарадон куыстыты рӕстӕджы. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бӕрӕг кӕнынц фӕмардуӕвджыты гоймагдзинад

ЦХИНВАЛ, 9 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стӕгдартӕ Багаты хъӕуы цур, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Мӕрдон буӕрттӕ ссарыны тыххӕй Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайадмӕ фехъусын кодта Тъбеты хъӕуы цӕрӕг, кӕцы сӕ ссардта хъӕууон хӕдзарадон куыстыты рӕстӕджы.

© МВД РЮОХуссар Иры ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стджытӕ
Хуссар Иры ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стӕгдартӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стджытӕ
"Нӕлгоймаг скъахта мӕрдон буӕртты фрагменттӕ. Цауы бынатмӕ ацыдысты МХМ ӕмӕ Генералон прокуратурӕйы фӕдагурӕн-оперативон къордтӕ", - фехъусын кодтой МХМ.

Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бӕрӕг кӕнынц фӕмардуӕвджыты гоймагдзинад, афтӕ ма сӕ амӕлӕты ӕууӕлтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0