Хуссар Ирыстоны президент рахызт онлайн-режимы куыстмӕ

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы сӕргълӕууӕг йӕ рабадтытӕ иууылдӕр уадздзӕн онлайн-режимы

ЦХИНВАЛ, 10 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий уадздзӕн рабадтытӕ онлайн-режимы Дзауы йӕ резиденцийӕ, фехъусын кодта ӕртыццӕджы паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Уӕлахизы парад Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлахизы Парад Хуссар Иры ацӕудзӕн Сырх Фӕзуатыл парадимӕ иу бон

Республикӕйы сӕргълӕууӕджы рахызт онлайн куыстмӕ баст у Мӕскуымӕ балц ӕмӕ УФ президент Владимир Путины ӕрхуындимӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизыл 75 азы сӕххӕсты цытӕн мадзӕлтты хайад райсыны фӕдыл.

Гасситы Дина бафтыдта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсемӕ балцы фӕстӕ Бибылты Анатолий, куыд ӕндӕр ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ здӕхынц Хуссар Ирыстонмӕ, афтӕ ацӕудзӕн дыууӕкъуырион карантин.

Стыр Уӕлахизы цытӕн цы мадзӕлттӕ аргъӕвтой коронавирусы апарахаты тасӕй, уыдон ацӕудзысты Мӕскуы ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕндӕр горӕтты 24 июны – уыцы бон 1945 азы Сырх Фӕзуатыл ацыд уӕлахиздзауты легендарон историон парад.

Ног хабӕртты лентӕ
0