Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй дыууӕ ног рынчыны

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иумӕйагӕй республикӕйы ауагътой 1800 тестӕй фылдӕр коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл. Фӕрынчынуӕвджыты ӕрдӕг хай ныридӕгӕн сӕнӕниз сты ӕмӕ сӕ рафыстой медицинон уагдӕттӕй

ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй ног рынчынты сбӕрӕг кодтой Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) курсантты хсӕн Волгоградӕй, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна. COVID-19-ы уӕвынад равдыстой дыууӕ тесты, кӕцытӕ ауагътой знон.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президент рахызт онлайн-режимы куыстмӕ

Инфекцион хайады хоскӕнынад цӕуынц 34 пациенты коронавирусы диагнозимӕ, загъта Гаглойты Анна.

Республикӕйы дохтырты хъусдарды бын сты 268 адӕймаджы, уыдонӕй медицинон уагдӕтты сты 178.

Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы ауагътой 1837 тесты COVID-19 сбӕрӕг кӕныны фӕдыл. Сбӕрӕг кодтой 68 рынчыны, уыдонӕй 34 ныридӕгӕн сӕнӕниз сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0