Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕныл сӕвӕрдзысты тепловизор

Рафыссын
Бӕлцӕттӕй бӕрзонд температурӕ кӕмӕ разына, уыдон кӕндзысты инфекцион стационармӕ, радзырдтой "Югосетпотребнадзор"-ы

ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕныл ӕввахс бонты сӕвӕрдзысты тепловизор. Ифтонгад ахъаз уыдзӕн арӕны сӕртыл хизджыты буары температурӕ бӕлвырд кӕнынӕн, фехъусын кодта "Югосетпотребнадзор"-ы хистӕры хӕдивӕг Гаглойты Анна коронавирусы ныхмӕ архайды фӕдыл оперативон штабы рабадты рӕстӕджы.

"Тепловизор ӕвӕрд уыдзӕн Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕныл. Стационарон гарзӕджы фӕрцы Хуссар Ирыстонмӕ цӕудзытӕн арӕзт цӕудзӕн термометри", - банысан кодта уый.

Гаглойты Анна бафтыдта, зӕгъгӕ, бӕлцӕттӕй бӕрзонд температурӕ кӕмӕ разына, уыдон кӕндзысты инфекцион стационармӕ.

Ифтонгад ӕлхӕд ӕрцыд Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ууылты. Йӕ аргъ, министр Тотчиты Георгийы ныхӕстӕм гӕсгӕ,  слӕууыд 1 милуан 275 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0