Уӕрӕсейаг базӕ Хуссар Иры кусы разӕсгӕрст уадзыны фадӕттыл

© Пресс-служба ЮВО РФ Хуссар ӕфсӕддон зылды разӕсгарджытӕ
Хуссар ӕфсӕддон зылды разӕсгарджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар ӕфсӕддон зылды мотоӕхсӕн ӕмӕ сгарӕн баиугӕндты разӕсгарджытӕй 2 минӕй фылдӕр хайад райсдзысты лагерон рӕвдзыты Цӕгат Кавказ ӕмӕ Фӕскавказы

ЦХИНВАЛ, 15 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕвӕг уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы райдыдтой сӕрдыгон рӕвдзытӕ полигон "Дзарцъем"-ы. Ахӕм мадзӕлттӕ ма уагъд цӕуынц Хуссар ӕфсӕддон зылды дӕлхайӕдты, Цӕгат Ирыстоны, Цӕцӕн ӕмӕ Дагестаны, хъусын кӕны зылды пресс-службӕ.

Ӕфсӕддонтӕ кусынц разӕсгӕрст уадзыны фадӕттыл куыд боныгон, афтӕ ӕхсӕвы дӕр, боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ.Уымӕй дарддӕр ма разӕсгарджытӕ ӕххӕст кӕнынц условон диверсион-сгарӕн къордтӕн ныхкъуырд раттыны фӕдыл хӕслӕвӕрдтӕ дӕр.

"Разӕсгарджытӕ ауадздзысты ахуыртӕ тактикон-сӕрмагонд, уӕлдӕфон-десантон цӕттӕдзинады ӕмӕ автомобилон техникӕйы скъӕрыны фӕдыл, се хсӕн "Тигр", "Тайфун" ӕмӕ КАМАЗ "Мустанг". Уымӕй дарддӕр ма ӕфсӕддонтӕ ахуырты фӕлгӕтты фехсдзысты БТР-82А, сӕрмагонд снайперон винтовкӕ "Винторез", фистӕгӕйцӕуджыты пулеметтӕ "Печенег" ӕмӕ Калашниковы автоматтӕ АК-74-йӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Лагерон рӕвдзыты хайад исынц Хуссар ӕфсӕддон зылды мотоӕхсӕн ӕмӕ сгарӕн баиугӕндты разӕсгарджытӕй 2 минӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0