Хуссар Иры бахастой ивындзинӕдтӕ коронавирусы ныхмӕ мадзӕлтты фӕдыл уынаффӕмӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Парады репетици
Парады репетици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ республикӕйы рахастой скъуыддзаг, цӕмӕй июны ауадзой бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ, сӕ нымӕцы Уӕлахизы Парад

ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны министрты кабинет бахаста ивындзинӕдтӕ коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны мадзӕлтты фӕдыл хицауады уынаффӕмӕ.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры иу суткӕмӕ не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты

Уыцы уынаффӕйӕ республикӕйы систой арӕнӕвӕрдон мадзӕлтты фылдӕр хай, кӕцытӕ уыдысты дыууӕ мӕйӕ фылдӕр. Сӕ куыст сног кодтой базарадон хиирхӕфсӕн объекттӕ, кафетӕ, ресторантӕ, рӕсугъддзинады салонтӕ. Тобӕ баззад ӕрмӕстдӕр культурон-массон мадзӕлттӕ, чындзӕхсӕвтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрӕгбонтӕ уадзыныл.

Фӕстӕдӕр президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны Уӕлахизы Парад кӕй ацӕудзӕн 24 июны. Афтӕ ма, рауагъдон мадзӕлттӕ скъоладзаутӕн нывӕндынц ауадзын 17 ӕмӕ 18 июны.

Афтӕ ма 20 июнь расидтысты ивгъуыд ӕнусы ирӕтты геноциды Мысӕн бонӕй.

Рауагъдон бал Цхинвалы  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рауагъдон бал Цхинвалы: куыд ацӕудзӕн скъоладзауты сӕйраг бӕрӕгбон

"Сымах зонут, массон мадзӕлттӕ кӕй нӕй гӕнӕн уадзын, уый фӕдыл хъӕуы бахӕссын ивындзинӕдтӕ хицауады уынаффӕмӕ", - банысан кодта хицауады сӕрдар Пухаты Эрик.

Хицауад аскъуыддзаг кодта, министрты кабинеты майы уынаффӕйы пункттӕ, кӕцыты дзырдӕуы культурон-массон мадзӕлттӕ уадзыныл тобӕ сӕвӕрыны тыххӕй, нӕ хауынц мадзӕлттӕм, кӕцытӕ нывӕндынц ауадзын 17, 18, 20, 22 ӕмӕ 24 июны.

Тобӕ хаудзӕн ӕрмӕстдӕр чындзӕхсӕвтӕм, афтӕ ма рауагъдонты банкеттӕм ресторантӕ ӕмӕ ӕндӕр улӕфӕн бынӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0