Хуссар Иры Ерцъойы цады фӕдӕлдон ис ӕвзонг нӕлгоймаг

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры Ерцъойы цады фӕдӕлдон ис нӕлгоймаг
Хуссар Иры Ерцъойы цады фӕдӕлдон ис нӕлгоймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕмардуӕвӕджы мӕрдон буар цадӕй систой УУМ кусджытӕ, кӕцытӕм фӕдзырдтой ӕнамонд цауы ӕвдисӕнтӕ

ЦХИНВАЛ, 17 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Ерцъойы цады найыны рӕстӕджы фӕдӕлдон ис нӕлгоймаг, фехъусын кодтой Sputnik УУМ пресс-службӕйы.

Ирвӕзынгӕнӕг уагдоны радгӕсон службӕмӕ фӕдзырдтой дыццӕджы, 19:53 сахатыл.

"Дзауы районы Ерцъойы хъӕуы 1973 азы гуырд цӕрӕг бахызт цадмӕ ӕмӕ йын ӕддӕмӕ раленк кӕнын нӕ бантыст. Ӕвдисӕнты ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕм уайтагъд бацыдысты ӕххуысмӕ, фӕлӕ йӕ не 'ссардтой. Цауы бынатмӕ фӕсидтысты УУМ-мӕ", - загъта уагдоны пресс-секретарь Тедеты Роза.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ кусджытӕ уайтагьд ацыдысты цауы бынатмӕ ӕмӕ талынгмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ ссардтой нӕлгоймаджы буар.

Ног хабӕртты лентӕ
0