Хуссар Иры ӔХМ æрурæдта æмбæстæгты æрвитын Уæрæсейы санаторитæм пандемийы тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянНагутни
Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Министрад социалон куысты фæлгæтты æрвылаз дæр цæрджыты кæцыдæр категоритæн лæвæрдта балцæгтæ Уæрæсейы улæфæндæттæм, фæлæ азы аз коронавирусимæ тохбахаста йæ ивындзинæдтæ алы фадыгмæ дæр

ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон райрæзты министрад ацы аз пандемийы тыххæй æрурæдта æмбæстæгты Уæрæсемæ æрвитын санаторон-курортон хоскæнынад рацæуыны фæдыл.

Нагутнийы улӕфӕндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Нагутнийы улӕфӕндоны баконд фӕфӕстиат пандемийы тыххӕй

Министрад социалон куысты фæлгæтты æрвылаз дæр цæрджыты кæцыдæр категоритæн лæвæрдта балцæгтæ Уæрæсейы улæфæндæттæм, фæлæ азы аз коронавирусимæ тохбахаста йæ ивындзинæдтæ алы фадыгмæ дæр.

Уагдоны пресс-секретарь Битеты Иринайы ныхæстæм гæсгæ, æмбæстæгты ацы аз улæфынмæ æрвитдзысты æрмæстдæр республикæйы хосгæнæндæттæм.

Зæгъæм, хицæн æмæ хицæн категориты инвалидтæ æмæ ветерантæ баулæфдзысты пансионат "Ныфс"-ы Нагутнийы.

Улæфджыты фыццаг къорд афæндараст уыдзæн донхосгæнæндонмæ июлы райдианты.

Ног хабӕртты лентӕ
0