Хуссар Иры коронавирус рабӕрӕг кодтой ноджы иу курсантӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд суткӕйы инфекцион рынчындонӕй рафыстой ноджы фондз адӕймаджы, кӕцытӕ уыдысты рынчын коронавирусӕй

ЦХИНВАЛ, 23 июн – Sputnik, Козаты Диана. Дохтыртӕ коронавирус рабӕрӕг кодтой уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндоны ноджы иу курсантӕн. Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ коронавирус бахӕцыд 84 адӕймагыл, загъта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Коцты Марина  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сӕйраг санитарон дохтыр радзырдта, кӕд бакӕндзысты Уӕрӕсеимӕ арӕн

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, знон рынчындонӕй рафыстой ноджы фондз адӕймаджы, иумӕйагӕй республикӕйы коронавирусӕй сӕнӕниз сты ӕрдӕг сӕдӕ ӕмбӕстаджы.

"Ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчыны. Инфекци рабӕрӕг кодтой курсантӕн. Ныртӕккӕ рынчындоны COVID-19-ӕй хоскӕнынад цӕуынц 34 адӕймаджы, сӕ нымӕцы иу медицинон кусӕг, аннӕтӕ сты курсанттӕ", - радзырдта Гаглойты Анна.

Медикты хъусдарды бын сты 149 адӕймаджы.

Югосетпотребнадзоры лабораторийы къуырисӕры дарддӕр уагътой тесттӕ коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл – ивгъуыд суткӕйы ауагътой 66 анализы. Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ ауагътой 2265 тесты.

Ног хабӕртты лентӕ
0