Фӕсивӕды бон Цхинвалы банысан кӕндзысты массон мадзӕлттӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ ацӕудзысты республикӕйы столицӕйы Ногдзауты парчы. Мадзал организаци кӕны горӕты администраци ӕмӕ фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани"

ЦХИНВАЛ, 26 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Националон кафты изӕр "Ирон хъазт" ӕмӕ активистты хорзӕхкӕныны церемони ацӕудзӕн Фӕсивӕды бон, 27 июны, Цхинвалы. Цхинвалы культурӕйы хайады хистӕр Тасойты Игорь куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй, бӕрӕгбон ацӕудзӕн столицӕйы Ногдзауты парчы.

Хуссар Ирыстоны Фӕсивӕды бон ӕрвылаз нысан кӕнынц массон мадзӕлттӕй. Ацы бон уагъд цӕуынц кафӕн изӕртӕ, конкурстӕ ӕмӕ концерттӕ.

"Мах схорзӕхджын кӕндзыстӕм фондз активисты культурӕйы хайады дипломтӕй. Уый фӕстӕ программӕмӕ гӕсгӕ ацӕудзысты ирон националон кӕфтытӕ. Афтӕ ма ацӕудзӕн чысыл концерт нӕ эстрадӕйы стъалыты хайадистӕй", - банысан кодта Тасойты Игорь.

Уый банысан кодта, бӕрӕгбонон изӕр кӕй балхынцъ уыдзӕн дискотекӕйӕ.

Хуссар Иры айзӕлыд фӕстаг дзӕнгӕрӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕсугъд цардвӕндӕгтыл цу, рауагъдон! Хуссар Иры айзӕлыд фӕстаг дзӕнгӕрӕг

Мадзал цӕудзӕн дыууӕ сахаты. Бӕрӕгбон райдайдзӕн изӕры аст сахатыл.

Бӕрӕгбонон мадзал цӕттӕ кӕны Цхинвалы мэрийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты хайад республикон ӕхсӕнадон организаци "Иугонд Алани"-йы ӕмархайдӕй.

Фӕсивӕды бон фӕзынд 1958 азы 7 февралы. Уӕд Советон цӕдис сфидар кодта "Советон фӕсивӕды бон". Бӕрӕгбон нысан кодтой июны фӕстаг хуыцаубоны. Бирӕ ӕзты фӕстӕ, 1993 азы 24 июны, Уӕрӕсейы президент Борис Ельцин рахаста уынаффӕ "Фӕсидӕды бон нысан кӕныны фӕдыл". Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ бӕрӕгбон райдыдтой нысан кӕнын 27 июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0