Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта ӕхцатӕ медиктӕн, кӕцытӕ тох кӕнынц коронавирусимӕ

© Пресс-служба правительства РЮОХуссар Иры хицауады рабадт
Хуссар Иры хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фиддонтӕ бафидыны фӕдыл скъуыддзаг рахастой хицауады ӕнӕрадон рабадтыл цыппӕрӕмы

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад рахицӕн кодта 2,2 милуан сомӕй фылдӕр медиктӕн фӕллойады сӕрмагонд уавӕртӕ ӕмӕ уӕлӕмхасӕн куысты тыххӕй коронавирусы пандемийы рӕстӕджы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коронавирусимӕ тох кӕныны тыххӕй: Хуссар Иры медиктӕ райсдзысты фиддонтӕ

Фиддонтӕ хауынц республикон бирӕпрофилон медицинон центры медиктӕм 14 апрелӕй – 31 майы онг куысты периоды тыххӕй, Дзауы районы рынчындоны медиктӕн та – 4 майӕ 23 июны онг.

Скъуыддзаг рахастой хицауады ӕнӕрадон рабадтыл цыппӕрӕмы.

"Медицинон кусджытӕ иууылдӕр, кӕцытӕ сӕ тыхтӕ иууылдӕр радтой коронавирусӕй рынчынтӕн баххуыс кӕнынӕн, хъуамӕ райсой фиддонтӕ", - банысан кодта хицауады сӕрдар Пухаты Эрик.

Хицауады сӕрдар бахӕс кодта республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Дзауы районы администрацийӕн сӕ цӕст ӕрдарын фиддонтӕ бафидыны процедурӕмӕ.

Хуссар Ирыстоны майы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 85 фӕрынчынуӕвӕджы. Уыцы рӕстӕгмӕ 65 пациенты сӕнӕниз сты, стационары хоскӕнынад цӕуынц COVID-19-ӕй 21 рынчыны.

Ног хабӕртты лентӕ
0