Фыццаг карантины фӕстӕ: Мӕскуыйы турниры хайад райсдзысты ирон боксертӕ

© Sputnik / Наталья АйриянБоксы турнир Цхинвалы
Боксы турнир Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боксертӕ Тыбылты Алик ӕмӕ Къудухты Артур рахиздзысты профессионалон рингмӕ Мӕскуыйы. Ацы турнир уыдзӕн фыццаг карантины фӕстӕ ӕмӕ ацӕудзӕн ӕнӕ кӕсджытӕй

ЦХИНВАЛ, 26 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Уӕрӕсейы столицӕйы карантины фӕстӕ фыццаг хатт ацӕудзӕн профессионалон боксы турнир "Shamo boxing". Ацы спортивон ерысы хайад райсынмӕ Дзӕуджыхъӕуӕй цыппӕрӕмы афӕндараст сты Тыбылты Алик ӕмӕ Къудухты Артур, кӕцытӕ хъахъхъӕнынц Уӕрӕсейы хуыздӕр боксерон клубтӕй сӕ иу "Ариана"-йы кад.

Тыбылты Алик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Профессионал Хуссар Ирӕй фыццаг хатт рахиздзӕн рингмӕ карантины фӕстӕ

Къудухты Артурӕн уый уыдзӕн йӕ фыццаг профессионалон тох, афтӕмӕй йӕ ныхмӕлӕууӕг у фӕлтӕрд боксер Азербайджанӕй. Тыбылты Аликӕн уый у ӕхсӕзӕм тох профессионалон рингыл, фехъусын кодта Sputnik боксерты тренер Сланты Виталий.

"Мах цӕттӕ стӕм сом рахизын ӕмӕ равдисын хорз тохтӕ. Пандемийы тыххӕй тохтӕ ацӕудзысты ӕнӕ кӕсджытӕй. Къудухты Артур архайдзӕн уӕззау уӕзы (91 килограммы). Тыбылты Алик та архайдзӕн 63 килограммы уӕзы категорийы", - загъта Сланты Виталий.

Тыбылты Алик ауагъта профессионалон рингыл фондз тохы ӕмӕ иу хатт дӕр нӕ фембылд. Къудухты Артур ирд тохтӕ уарзта ӕнӕпрофессионалон рингыл, фӕлӕ йӕ къахы травмӕйы тыххӕй рауагъта тренировкӕты ӕртӕ азы.

Дыууӕ боксер дӕр хъахъхъӕнынц зындгонд боксерон клуб "Ариана"-йы кад.

Ног хабӕртты лентӕ
0