Хуссар Ирмӕ ӕрыздӕхт 1,5 мин ӕмбӕстаджы. Ӕнхъӕлмӕ ма кӕсынц ноджы 200-мӕ

Рафыссын
Ацы улӕфт бонты республикӕмӕ Уӕрӕсейӕ ӕрцӕудзысты 400 студенты, иннӕ къуыри дыццӕгӕй та ноджы 150 ӕмбӕстаджы ФХМ хаххыл

ЦХИНВАЛ, 26 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 200 ӕмбӕстаджы ӕрыздӕхдзысты республикӕмӕ къуырийы дӕргъы. Уый тыххӕй фехъусын кодтой хицауады оперативон штабы рабадтыл майрӕмбоны.

Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик куыдбанысан кодта, афтӕмӕй Хуссар Ирыстоны консулон агентад Дзӕуджыхъӕуы дарддӕр аразы, ӕрцӕуын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы номхыгъдтӕ.

Хуссар Иры хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта ӕхцатӕ медиктӕн, кӕцытӕ тох кӕнынц коронавирусимӕ

Хуыцаубоны ӕнхъӕлмӕ кӕсынц 40 студентмӕ ФХМ ӕмӕ УУМ хаххыл, 150 ӕмбӕстаджы та, кӕцытӕ сты Дзӕуджыхъӕуы, ласын райдайдзысты дыццӕгӕй конулон хайады номхыгъдтӕм гӕсгӕ.

Премьер-министр куыд банысан кодта, афтӕмӕ карантины райдианӕй нырмӕ республикӕмӕ ӕрыздӕхт 1,5 мин ӕмбӕстаджы. Уыдон иууылдӕр рацыдысты медицинон басгӕрст ӕмӕ дыууӕкъуырион карантин.

Сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Маринайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, абоны онг инфекцион рынчындоны ис 21 коронавирусӕй рынчын адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ис 87 адӕймаджы.

"Югосетпотребнадзор"-ы лабораторийы ӕдӕппӕт сарӕзтӕуыд 2 364 тесты коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдон равдыстой  85 рынчыны, 64 ныридӕгӕн сӕнӕниз сты.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн сӕхгӕдтой 5 апрелы ӕмӕ йӕ адарддӕр кодтой 31 июльмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0