Хуссар Иры райдыдта паддзахадон фӕстауӕрцы арӕзтад

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон фӕстауӕрцӕн ӕвӕрӕн уыдзӕн Цхинвалы кӕрон, хъахъхъӕнынады министрады цур – ныртӕккӕ сыгъдӕг кӕнынц куыстыты фӕзуат

ЦХИНВАЛ, 4 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Паддзахадон фӕстауӕрцӕн ӕвӕрӕн райдайдзысты аразын Цхинвалы ӕввахс бонты, радзырдта Sputnik фирмӕ "Цхинвайлаг арӕзтадон компани"-йы генералон директор Цхуырбаты Вильям.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæлвæткон уавæрты рæстæгмæ: Цхинвалы сараздзысты паддзахадон фæстауæрцæн ангар

Ӕвӕрӕнӕн сараздзысты ангары хуызӕн иууӕладзыгон бӕстыхай, кӕцыйы фӕзуат уыдзӕн 1300 квадратон метры.

"Ӕвӕрӕны уыдзысты ӕфтауцтӕ хӕлцад ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕн, афтӕ ма ифтонггарз ӕмӕ алыгъуызон техникӕйӕн", - банысан кодта Цхуырбаты Вильям.

Уымӕй дарддӕр, сараздзысты административон блок хицӕн бахизӕнимӕ, цы ран уыдзӕн офисон кабинет, хатӕнтӕ персонал ӕмӕ улӕфынӕн. Объекты территорийыл сараздзысты зынсирвӕзтон резервуартӕ ӕмӕ дизелон электростанц.

Цхуырбаты Вильямы ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕзтадон компанийы кусджытӕ ӕввахс бонты райдайдзысты къахын котлован бӕстыхайы бындурӕн.

"Арӕзтадон ӕрмӕджытӕ мах ӕрласдзыстӕм Цӕгат Ирыстонӕй, мах бадзырдтам егъау уӕрӕсейаг заводимӕ, цӕмӕй нын саразой конструкцитӕ", - загъта генералон директор.

Уый ма бафтыдта, арӕзтадон куыстытӕ кӕй нывӕндынц балхынцъ кӕнын азы кӕронмӕ.

Паддзахадон фӕстауӕрцӕн ӕвӕрӕн арӕзт цӕуы инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты. Объекты аргъ у 39 милуан сомы.

УУМ къухдариуӕгад бирӕ хатт дзырдта, кӕй хъӕуы сӕрмагонд фӕзуат хӕлцадон продукттӕ ӕмӕ фыццаг ӕнӕмӕнгхъӕуындзинады ӕрмӕджытӕн фӕстауӕрц саразынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0