Амнисти, фембӕлдтӕ ӕмӕ продукттӕ бадӕттын: Хуссар Иры ӕрдзырдтой ивындзинӕдтыл законмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы колони
Цхинвалы колони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Закондӕттӕг органы депутаттӕ майрӕмбоны ӕрдзырдтой ивындзинӕдтыл законмӕ, кӕцытӕ здӕхт сты уголовон-ӕххӕстгӕнӕн законад фӕхуыздӕр кӕнынмӕ

ЦХИНВАЛ, 3 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ӕрдзырдтой ивындзинӕдтыл законмӕ, кӕцытӕ хауынц фембӕлдтӕм ӕмӕ продукттӕ бадӕттынмӕ Цхинвалы рӕстмӕгӕнӕн колонийы ахӕсттӕн. Фарстыл ӕрдзырдтой кусӕгон рабадтыл майрӕмбоны, хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-службӕ.

Цхинвалы колони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы колонийы цалдӕр ахӕсты бафӕлвӕрдтой сӕхи амарын

Июны рӕстмӕгӕнӕн колонийы ӕрцыд цау – 20 ахӕстӕй фылдӕр ныллыгтӕ кодтой сӕ буӕрттӕ. Сӕ иуы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг. Ноджы ма иу хъуыддаг бакодтой колонийы кусӕджы фӕдыл, уымӕ зӕрдӕ ӕхсайы ахӕсттӕн наркотиктӕ баххӕсынмӕ.

"Парламенты ацыд кусӕгон рабадт, кӕцыйыл ӕрдзырдтой законы проектыл, кӕцы здӕхт у уголовон-ӕххӕстгӕнӕн законад фӕхуыздӕр кӕнынмӕ ӕмӕ кӕцымӕ гӕсгӕ сараздзысты уавӕртӕ ахӕстты бартӕ хуыздӕр ӕххӕст кӕнынӕн", - хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

Спикер Тадтаты Алан банысан кодта, депутаттӕ кӕй хъуамӕ сахуыр кӕной ацы фарст, уый фӕстӕ гӕнӕн ис дзурын ивындзинӕдтыл законмӕ.

"Ӕз ӕнкъарын лӕмбынӕгӕй бакусын ацы фарстыл профилон комитет ӕмӕ кусӕгон рабадтыты фӕлгӕтты, цы ран хайад исдзысты Юстицийы министрад ӕмӕ прокуратурӕйы минӕвӕрттӕ", - хъусын кӕны Тадтаты Аланы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Рабадты ма ноджы ӕрдзырдтой амнистийыл Уӕлахизы 75 азы цытӕн.

Амӕйразмӕ Орден Уацамонгӕйы кавалерты Цӕдисы уӕнгтӕ бафыстой куырдиат, цы ран ӕрсидтысты "ныххатыр кӕнын" бастдзинады раздӕры министр Къӕбысты Георгийы, кӕцы бады ахӕстоны. Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр ӕфсӕддон хорзӕхы кавалертӕ, кӕцыты хсӕн ис Къӕбысты Георгий дӕр, домынц бахӕссын аминистийы фӕдыл уынаффӕмӕ Уголовон Кодексы статьятӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ бафхӕрдтой раздӕры министры.

Парламенты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй иннӕ кусӕгон рабадт снысан кодтой 7 июльмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0