Хуссар Иры УУМ ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ауагътой иумӕйаг ахуыртӕ

© Пресс-служба МЧС Южной ОсетииХуссар Иры УУМ ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ауагътой иумӕйаг ахуыртӕ
Хуссар Иры УУМ ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ауагътой иумӕйаг ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырты нысаниуӕг уыд зынгфӕдисон командӕты ӕфсӕддон цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнын, афтӕ ма сӕрмагонд техникӕйы уавӕртӕ басгарын

ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацыдысты Уӕлвӕткон уавӕрты министрады ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы командӕты зынгсирвӕзтон-тактикон ахуыртӕ. Мадзалы рӕстӕджы бакуыстӕуыд ӕфсӕддон хайады зынгсирвӕзтон хъахъхъӕнынады нывӕзтыл, хъусын кӕны республикӕйы УУМ пресс-службӕ.

"Ахуыртӕ уагъд ӕрцыдысты ӕвирхъау цауты рӕстӕджы зынгсирвӕзтон хъахъхъӕнынад сифтонг кӕныны, зынгфӕдисонты ӕфсӕддон цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны нысанӕн", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
© Пресс-служба МЧС Южной ОсетииВ Южной Осетии прошли пожарно-тактические учения
Хуссар Иры УУМ ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ауагътой иумӕйаг ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
В Южной Осетии прошли пожарно-тактические учения
Мадзалы хайадисджытӕ ахуыссын кодтой ахуырадон зынгсирвӕзт, уымӕй дарддӕр ма басгӕрстой сӕрмагонд техникӕйы уавӕртӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0