Быдыртӕ ӕмӕ хӕдзар: Хуссар Иры иу къуыримӕ ахуыссын кодтой 20 зынгсирвӕзты

© Sputnik / Наталья АйриянЗынгсирвӕзт
Зынгсирвӕзт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгсирвӕзтты аххосаг ссисты ӕнахуыр тӕвд бонтӕ ӕмӕ ӕмбӕстӕгты уӕлӕнгай ахаст, кӕцытӕ не 'ххӕст кӕнынц ӕдасдзинады домӕнтӕ

ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ивгъуыд къуырийы дӕргъы Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕрцыд дыууынӕй фылдӕр зынгсирвӕзты, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы УУМ пресс-службӕйы.

© МЧС РЮОАрцеуы хъӕуы та ссыгъд хисӕрмагонд хӕдзар
Быдыртӕ ӕмӕ хӕдзар: Хуссар Иры иу къуыримӕ ахуыссын кодтой 20 зынгсирвӕзты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арцеуы хъӕуы та ссыгъд хисӕрмагонд хӕдзар

Уӕлвӕткон уагдоны банысан кодтой, сынгсирвӕзттӕй иу кӕй ӕрцыд цӕрӕн хӕдзары, аннӕ хаттыты-иу ссыгъд хус кӕрдӕг.

"Хус кӕрдӕг сыгъд алы районы дӕр. Иууыл фылдӕр зынгсирвӕзттӕ ӕрцыд хуыцаубоны. Арцеуы хъӕуы та ссыгъд хисӕрмагонд хӕдзар, цауы бынатмӕ рацыдысты зынгфӕдисонты дыууӕ къорды. Зынг сирвӕзт ӕвиппайды ӕмӕ хӕдзар аирвӕзын кӕнын нӕ бантыст. Цӕрджытӕй ничи бахъыгдард ис. Зынгсирвӕзты аххосӕгтӕ ныртӕккӕ бӕрӕг цӕуынц", - радзырдтой УУМ.

Министрады ма радзырдтой, ивгъуыд хуыцаубоны радгӕсон хайадмӕ кӕй ӕрбацыд тынг бирӕ фӕсидтӕ.

"Столицӕйы микрорайон "Шанхай"-ы ссыгъд хус кӕрдӕг, Ереды хъӕуы дӕр цалдӕр ран уыд зынгсирвӕзттӕ, афтӕ ма сыгъд Цхинвалы цӕгаттаг хайы бырондоны алфӕмблай территоритӕ дӕр", - ранымадтой уагдоны.

© МЧС РЮОЗынгсирвӕзт
Быдыртӕ ӕмӕ хӕдзар: Хуссар Иры иу къуыримӕ ахуыссын кодтой 20 зынгсирвӕзты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зынгсирвӕзт

Уӕлвӕткон министрады фехъусын кодтой, зынгсирвӕзтты аххосаг кӕй ссисты ӕнахуыр тӕвд бонтӕ ӕмӕ ӕмбӕстӕгты уӕлӕнгай ахаст, кӕцытӕ не 'ххӕст кӕнынц ӕдасдзинады домӕнтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0