Хуссар Иры æртæ азмæ сараздзысты 1,5 миллиарды аргъ цæрæнуат

© Sputnik / Наталья АйриянАрæзтадон куыстытæ
Арæзтадон куыстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног хæдзæрттæ фæзындзысты æрмæст Хуссар Иры столицæйы нæ, фæлæ ма районты дæр. Фыццаг рады ног цæрæнуаты хицæуттæ бауыдзысты фатертæм рады лæууæг адæм

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры æввахс æртæ азы фæнд кæнынц саразын цæрæнуат иу æмæ æрдæг миллиарды аргъ. Министрты кабинет дыццæджы рабадты рæстæджы сфидар кодта æртæазон Концепци æмбæстæгты кæцыдæр категориты цæрæнуатæй сифтонг кæныны фæдыл.

Фæстаг æзты республикæйы самадтой дыууæ ног микрорайоны, сæндидзын кодтой аварион хæдзæрттæ, кæцытæ бахъыгдард сты 2008 азы ирон-гуырдзиаг хæсты рæстæджы. Ацы аз дæр дарддæр цæуы бирæфатерон хæдзæртты æмæ ноджы дыууæ микрорайоны, афтæ ма ног корпусы арæзтад Хъайтарты уынгыл.

"Цæрджыты цæрæнуатæй сифтонг кæнын у иууыл ахсджиагдæр социалон проблемæ, уый аскъуыддзаг кæныны тыххæй реализаци цæудзæн ацы Концепци", - хъусын кæны хицауады пресс-службæ Арæздаты министр Зæгъойты Эдуарды ныхæстæ.

Хицауады бамбарын кодтой, Концепцийы хайадисджытæ кæй суыдзысты æмбæстæгтæ æмæ бинонтæ, кæцытæ лæууынц рады сæ цæрæнуат фæхуыздæр кæныны фæдыл.

Дзауы районы цæрджытæн байуæрстой ног фатертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы районы цæрджытæн байуæрстой ног фатертæ

Уыдон сты хæстон архæйдтыты зианбаййафджыты æмæ фæмардуæвджыты бинонтæ, инвалидтæ, рынчын сабитæ цы бинонты ис, уыдон, сидзæр сывæллæттæ, æвæгæсæгæй баззайæг сабитæ, бирæсывæллонджын æмæ æвзонг бинонтæ, лигъдæттæ, æдзæллаг уавæрты цæрæг æмбæстæгтæ æмæ æндæртæ.

Зæгъойты Эдуард куыд банысан кодта, афтæмæй абоны бон республикæйы ис стабилондзинад, фæхуыздæр сты царды уавæртæ, уымæ гæсгæ бирæ адæм здæхынц фæстæмæ республикæмæ цæрынмæ.

"Уымæ гæсгæ нæ хъæуы саразын уавæртæ цæрæнуатон сферæйы фидар размæцыдæн. Цæрæнуаты дарддæр дæр арæзт цæудзæн æввахс æзты дæргъы", - банысан кодта министр.

Концепци реализацигонд æрцæудзæн2020-2022 æзты Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Хицæн ын æрцæудзæн 1,5 миллиард сомæй чысыл фылдæр.

Арæзтады министрады пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй ног хæдзæрттæ фæзындзысты æрмæст Хуссар Иры столицæйы нæ, фæлæ ма районты дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0