Фыццаг ирон æххæстметражон мультфильмæн рацыд йæ тизер

© Из личного архива Б.ДжигкаевойФыццаг ирон æххæстметражон мультфильмæн рцыд йæ тизер
Фыццаг ирон æххæстметражон мультфильмæн рцыд йæ тизер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мультфильм "Хетӕджы мӕсыг" исы мӕскуыйаг студи "Движение", сфæлдыстадон къорд аскъуыддзаг кодта уый саразын сахаты бæрц

ЦХИНВАЛ, 13 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг фыссӕг Джыгкайты Бэллайы аргъау "Хетӕджы мӕсыг"-мӕ гӕсгӕ мультипликацион фильмӕн мыхуыр ӕрцыд йӕ тизер. Фыццаг ирон мультфилмæн йӕ куысты гуырахст фӕегъаудӕр ис, йӕ премьерӕйы бон та фӕфæстæдæр, фехъусын кодта Sputnik ӕрмӕджы автор.

Мультфильм исы мӕскуыйаг студи "Движение".

"Премьерӕ фӕнд кодтам августы бӕрӕгбӕттӕм, фӕлӕ йӕ рӕстӕг кӕй фестырдӕр кодтам, уымӕ гӕсгӕ куысты гуырахст дӕр зынгӕ фӕфылдӕр. Коронавирусы фӕдыл уавӕр фӕстиат кӕны финансон фарст. Стӕй ма мах бафӕндыд уый саразын сахатмӕ ӕввахс, цӕмӕй йӕ равдисой кинотеатрты дӕр. Ӕрмӕгӕн рацыд йӕ тизер уырыссаг ӕвзагыл, цӕттӕ цӕуы мадӕлон ӕвзагыл вариант дæр", - загъта фыссӕг.

Уый банысан кодта, мультфильмӕн йӕ кусӕгон вариант кæй у цӕттӕ.

Мульфильмы сӕйраг хъайтар у ирон паддзахы фырт Хетӕг. Мультфильмы аразджыты фӕндыд равдисын уый ӕрмӕст хъӕбатыр бӕгъатырӕй нӕ, фӕлӕ ма адӕймагӕй, кӕцы хӕссы уарзондзинад ӕмӕ хорздзинад. Сӕйраг хъайтары ном баст у Цӕгат Ирыстоны "Хетӕджы Къох"-имӕ.

Сценарий уырыссаг ӕвзагӕй иронмӕ тӕлмац кӕны публицист ӕмӕ фыссӕг Плиты Инал, националон мелодитӕ та фыссы зарӕггӕнӕг Ӕлборты Лана. Мультфильм саразынӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0