Цхинвайлаг ӕвзонг стъалы Marsalana рауагъта ног зарӕг

© Sputnik / Наталья АйриянХаребаты Марта
Харебаты Марта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзонг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта Цхинвалӕй рауагъта зарӕг "Къуыдайраг лæппу"

ЦХИНВАЛ, 16 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Ӕвзонг зарӕггӕнӕг Хуссар Ирыстонӕй Харебаты Марта (Marsalana) бавдыста социалон хызӕгты йӕ фарсытыл ног композици "Къуыдайраг лæппу" Хацырты Сергейы ӕмдзӕвгӕйыл. Зарӕгмӕ музыкӕ ныффыста музыкант Хуссар Ирыстонӕй Цоциты Анна.

Харебаты Марта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Харебаты Марта хъахъхъӕндзӕн Иры кад вокалон конкурс "Ног стъалы – 2020"-ы

Харебаты Марта куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй зарӕджы официалон рацыд аргъӕвтой техникон проблемӕты тыххӕй.

"Ныр фарстытӕ иууылдӕр аскъуыддзаг кодтам, ӕмӕ адӕмӕн ис фадат байхъусын мӕ зарӕгмӕ мӕ социалон хызӕгты, афтӕ ма зарӕг гӕнӕн ис ссарын интернеты", - бафтыдта зарӕггӕнӕг.

Харебаты Мартайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цхинвалы ӕввахс рӕстӕджы ацӕудзӕн ног зарӕджы презентаци горӕты цӕрджытӕн, премьерӕйы дырыс датӕ нырма нӕ равзӕрстой.

Ног хабӕртты лентӕ
0