Хуссар Иры бакӕндзысты нейрокоррекцийы центр

© Pixabay / BokskapetХуссар Иры бакӕндзысты нейрокоррекцийы центр
Хуссар Иры бакӕндзысты нейрокоррекцийы центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медицинон уагдоны ӕххуыс кӕндзысты, йӕ размӕцыды чи фӕстиат кӕны, ахӕм сабитӕн

ЦХИНВАЛ, 16 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бакӕндзысты нейрокоррекцийы центр "Прогноз", фехъусын кодта Sputnik дохтыр, фидӕны центры директор Дыгъуызты Ирина.

"Центр арӕзт цӕуы фӕстӕзад сывӕллӕттӕн, кӕцытӕн ис проблемӕтӕ ныхас кӕнынимæ, стæй ма аутизм ӕмӕ ДЦП йӕ рынчынты тыххӕй. Уыдзӕн дзы дефектолог ӕмӕ логопед. Хос кӕндзыстӕм хистӕр кары адӕмӕн дӕр", - загъта уый.

Дыгъуызты Ирина рацæудзæн уæлæмхас ахуыр дæр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидæны центры медперсонал ныр дӕр кусынц рынчынтимӕ.

Цхинвалы центры бавнӕлдтой хосгӕнӕн центры арӕзтадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бавнӕлдтой хосгӕнӕн центры арӕзтадмӕ

"Ныридӕгӕн уадзӕм консультацитӕ, фидар кӕнӕм къордтӕ, кӕцытимӕ кусдзысты логопед, дефектолог. Къорд ӕмбырд цӕуы сӕрмагонд процедурæтӕн, кӕцыты фӕрцы хицӕн амӕлттӕй стимуляци цӕудзӕн сӕры магъзы размӕцыд", - бафтыдта дохтыр.

Ӕдӕппӕтӕй центры кусдзӕн ӕхсӕз адӕймаджы. Медицинон уагдон уæвынад кæндзæн Нæузæххонты уынгыл. Ӕнгӕс центртӕ ма фӕстаг ӕзты фӕзынд Цӕгат Кавказы горæтты дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0