Хуссар Иры прокуратурӕйы банысан кодтой ӕфсӕддонты хсӕн фыдракӕндты нымӕцы фӕфылдӕр

© Sputnik / Natalia AiriyanХъахъхъӕнынады министрад
Хъахъхъӕнынады министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсӕддон прокуратурӕйы куысты фӕстиуджыты тыххӕй 2020 азы фыццаг хайы радзырдтой республикӕйы Генералон прокуратурӕйы коллегийы рабадтыл

ЦХИНВАЛ, 21 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацы азы фыццаг хайы фӕфылдӕр фыдракӕндты нымӕц ӕфсӕддонты хсӕн, фехъусын кодта Генералон прокуратурӕйы коллегийы рабадтыл республикӕйы ӕфсӕддон прокурор Къӕбулты Тигран.

Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министр басгӕрста ӕфсӕддонты мобилизацион цӕттӕкӕнынад

Уый банысан кодта, ӕфсӕддонты хсӕн арӕхдӕр ӕрцӕуынц фыдракӕндтӕ, кӕцытӕ баст сты наркотикон буарад "Лирика" балхӕнынимӕ, афтӕ ма фыдракӕндтӕ гоймагдзинады ныхмӕ.

"Уый баст у уыимӕ, ӕмӕ фаг хъусдрад нӕ вӕййы Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады дӕлхайӕдты командӕгӕнджыты 'рдыгӕй. РХИ ӕфсӕддон прокуратурӕ азы дыккаг хай сӕйраг хъусдрад аздахдзӕн хъомылгӕнӕн куыстмӕ ӕфсӕддонты хсӕн", - фехъусын кодтой Генералон прокуратурӕйы пресс-службӕйы.

Афтӕ ма Цхинвалы прокурор Джабиты Артур банысан кодта, горӕты фыдракӕндты нымӕц 25 проценты кӕй фӕкъаддӕр фарон азы аналогион периодмӕ абаргӕйӕ. Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл басгӕрстты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ бакодтой 13 административон хъуыддаджы, уыдонӕй цыппар барвыстой тӕрхондонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0