Объективон цӕстӕнгас ӕмӕ цӕсгомджын куыст: Бибылты Анатолий Хуссар Иры ДИФ куысты тыххӕй

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы нысан кӕнынц ДИФ кусӕджы бон, ацы бӕрӕгбоны фӕдыл уыдонӕн раарфӕ кодта Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 23 июл – Sputnik. Ӕхсӕнад исы раст информаци нӕ бӕстӕ ӕмӕ фӕсарӕнты цауты тыххӕй ДИФ объективон цӕстӕнгас ӕмӕ цӕсгомджын куысты руаджы. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы арфӕйы Дзыллон информацион фӕрӕзты (ДИФ) кусӕджы боны цытӕн.

"Нырыккон дунейы сарӕх сты информацион хӕстытӕ. Агрессорты ныхмӕ тох кӕнын информацион хӕсты хуссарирыстойнаг ДИФ-тӕн ӕнцон нӕ уыд. Уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ бирӕ ӕзты дӕргъы сымах ныхмӕ лӕуут знагӕн", - дзырдӕуы президенты арфӕйы.

Бибылты Анатолий сӕрмагондӕй банысан кодта ӕфсӕддон уацхӕсджыты куыст, кӕцытӕ равдыстой хъайтардзинад республикӕйы хӕдбардзинад бахъахъхъӕныны рӕстӕджы.

Sputnik Хуссар Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг юбилей: Sputnik Хуссар Ир цӕсгӕмтты ӕмӕ хъуыддӕгты

Паддзахады сӕргълӕууӕг загъта бузныг ДИФ минӕвӕрттӕн пайдаджын архайды тыххӕй сабыр царды дӕр. Президент фидарӕй загъта, уыдон дарддӕр дӕр кӕй уыдзысты цӕсгомджын куыст, стыр профессионализм ӕмӕ куыстӕн иузӕрдыгдзинады цӕвиттон.

Бибылты Анатолийы цӕст бауарзта националон ДИФ кусджытӕн ӕмӕ сӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕн, кӕцытӕ кусынц республикӕйы территорийыл, цардамонд ӕмӕ сӕ сфӕлдыстадон хъуыдытӕ ӕмӕ проектты ӕнтыстджын реализаци.

Ног хабӕртты лентӕ
0