Ӕнæ цаутæй: куыд ацыд Цхинвалы цады ирвæзынгæнджыты фыццаг кусæгон къуыри

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы цад
Цхинвалы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнамонд цаутæ ма руадзыны нысанæн горæты цадмæ сфидар кодтой цыппар ирвæзынгæнæджы, кæцытæ рацыдысты сæрмагонд ахуыртæ

ЦХИНВАЛ, 24 июл – Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Цхинвалы цады территорийыл ныр къуырийæфылдæр кусынц ирвæзынгæнджытæ, кæцытæ сæ хъус дарынц æмбæстæгты æдасдзинадмæ. Ирвæзынгæнджытæй иу Тадтаты Алымбег куыд радзырдта, афтæмæй уыцы рæстæг ницы уæлвæткон цаутæ æрцыд.

Горæты цад у столицæйы иууыл фылдæр цы бынæттæм цæуынц, уыдонæй сæ иу. Цады найыны бар нæй, фæлæ сабитæ æмæ фæсивæды тобæтæ нæ уромынц. Ирвæзынгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, иууыл зындæр кусæн у раст уыдонимæ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Алимбег Тадтаев
Ӕнæ цаутæй: куыд ацыд Цхинвалы цады ирвæзынгæнджыты фыццаг кусæгон къуыри - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алимбег Тадтаев

Тадтаты Алымбег куыд радзырдта, афтæмæй сæ куыст райдайы территорийыл æрзилынæй. Алы бон дæр райсомы дæс сахатыл цады былыл фæзыныц уырыдзыхуыз ирвæзынгæнæн тымбылæгтæ æмæ жилеттæ. Ирвæзынгæнджытæн ма ис катер дæр.

"Боны фыццаг æмбисы, уæлдайдæр та кусгæ бонты цады вæййы цъус адæм. Уыдон фæфылдæр вæййынц изæрырдæм. Ардæм æрбацæуынц бирæ фæсивæд, ацæргæ адæм æмæ ныййарджытæ сæ сабитимæ", - дзуры уый.

"Югосетпотребнадзор" доны гъæд нæ нымайы хорзыл, уымæ гæсгæ дзы найыны бар нæй. Фæлæ уæддæр фæзыны ахæмтæ, аленчытæ кæнын кæй фæфæнды.

"Мах ахæмтимæ аныхас кæнæм. Хъыгагæн, алчи дзы ныхас нæ фембары, цады иу былæй сæ арвитæм æмæ иннæмæ ацæуынц", - бафтыдта нæлгоймаг.

© Sputnik / Natalia Airiyan Катер.
Цхинвалы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Цхинвалы цад
© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы цад
Цхинвалы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Цхинвалы цад
© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы цад
Цхинвалы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Цхинвалы цад
1/3
Цхинвалы цад
2/3
Цхинвалы цад
3/3
Цхинвалы цад

Столицæйы администрацийы пресс-службæйы æрæджы банысан кодтой, ирвæзынгæнджытæ развæлгъау кæй рацыдысты сæрмагонд курсытæ æмæ инструктаж Хуссар Иры УУМ профессионалон дæлдондзогтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0