Транскам сӕхгӕдтой цъыфы зӕйы ӕрцыды тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕндагон службӕтӕ сыгъдӕг кӕнынц фӕндаг, банысан кодтой УУМ. Уагдоны нӕ фехъусын кодтой фӕндагон куыстыты фӕуды ӕмгъуыд

ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ, сӕхгӕдтой цъыфы зӕйы ӕрцыды тыххӕй трассӕйы цӕгатирыстойнаг хайыл дыццӕджы изӕры, фехъусын кодтой Sputnik РХИ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

"Фӕндаг сӕхгӕдтой цъыфы зӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ Бурон-Цӕгаттаг Портал фӕндаджы хайыл автотранспортон фӕрӕзты ӕдасдзинад кӕй нӕй фадат сӕххӕст кӕнын, уый тыххӕй", - банысан кодтой уагдоны.

Арӕнӕвӕрдтӕ бакодтой дыццӕджы 20.20 сахатыл ӕмӕ уыдзысты сӕрмагонд барамынды онг, банысан кодта УУМ минӕвар.

Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0