Уӕрӕсейы минӕварад Хуссар Иры фехъусын кодта куысты графикы ивындзинӕдты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейы минӕварад Хуссар Иры
Уӕрӕсейы минӕварад Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый размӕ УФ минӕварады консулон хайад Цхинвалы уыд ӕхгӕд 25 июнӕй 13 июльмӕ Уӕрӕсейы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. Уӕрӕсейы минӕварад Хуссар Ирыстоны фехъусын кодта ивындзинӕдты тыххӕй ӕмбӕстӕгтӕ исыны графикы, кӕцытӕ бадзурынц пенси райсыны фӕдыл ӕууӕнкдар гӕххӕтт саразыны фӕдыл.

Дипломатон минӕварады сайтыл дзырдӕуы, зӕгъгӕ, ацы фарсты фӕдыл ӕмбӕстӕгты исдзысты 14.30 сахатӕй 15.30 сахатмӕ къуырисӕрӕй майрӕмбонмӕ.

Мадзал баст у консулон хайадмӕ нотариаты фарстыты фӕдыл куырдиӕтты нымӕцы фӕфылдӕримӕ, банысан кодтой минӕварады.

УФ дипминӕварады бахахх кодтой, консулон хайадмӕ бацӕуынӕн ӕмбӕстӕгтӕм кӕй хъуамӕ уа документ, кӕцы бӕрӕг кӕны сӕ гоймагдзинад, афтӕ ма пайда кӕной сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0