Хуссар Иры Милицийы тагъд архайды къорд равдыста хӕцӕнгарзӕй архайыны курдиат

© МВД РЮОХуссар Иры Милицийы тагъд архайды къорды кусджытӕ равдыстой хӕцӕнгарзӕй архайыны курдиат
Хуссар Иры Милицийы тагъд архайды къорды кусджытӕ равдыстой хӕцӕнгарзӕй архайыны курдиат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тренировкӕты рӕстӕджы хӕстонтӕ бакуыстой тохы сӕрмагонд фадӕттыл ӕмӕ фӕхуыздӕр кодтой ӕмбуар хӕсты техникӕ

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) тагъд архайды къорды кусджытӕ ауагътой ахуыртӕ профессионалон ӕмӕ физикон цӕттӕкӕнынадӕй инструкторы къухдариуӕгады бын. Кусджытӕ сӕххӕст кодтой фӕлтӕрӕнтӕ табелон хӕцӕнгарз ӕмӕ кардимӕ, ӕрцахстой дзырдӕй фыдгӕнджыты. Уый тыххӕй фехъусын кодтой республикӕйы МХМ пресс-службӕйы.

"Тренировкӕты рӕстӕджы сӕрмагонд дӕлхайады кусджытӕ фӕхуыздӕр кодтой ӕмбуар хӕсты техникӕ, бакуыстой табелон хӕцӕнгарзӕй архайыныл ӕмӕ къорды сконды архайды тактикӕйыл", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Тагъд архайды къорд иудадзыг бӕрзонд кӕны профессионалон цӕттӕдзинад. Райсгӕ фӕлтӕрддзинад фадат дӕтты кусджытӕн ӕххӕст кӕнын сӕ хӕслӕвӕрдтӕ, цӕмӕй ӕххуысс кӕной криминалон милицийӕн оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0