Горӕт Къуайсайы хӕрзарӕзт ӕрцыд централон парк

© Sputnik / Ада БагианГорӕт Къуайсайы хӕрзарӕзт ӕрцыд централон парк
Горӕт Къуайсайы хӕрзарӕзт ӕрцыд централон парк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Улӕфӕн зонӕйы хӕрзарӕзтадыл архайдтой горӕты цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджыты завод

ЦХИНВАЛ, 31 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы горӕт Къуайсайы центры хӕрзарӕзт ӕрцыд культурӕ ӕмӕ улӕфты парк. Ам фӕзынд ӕфснайд сывӕллӕтты хъазӕн фӕзуат, тренажертӕ, ӕмбӕлон уагмӕ ӕркодтой йӕ фонтан дӕр, фехъусын кодта Sputnik горӕты мэр Бӕззаты Геннадий.

Парк ӕвӕрд ис горӕты тӕккӕ центры, йӕ тӕккӕ фарсмӕ амад цӕуы егъау аргъуан, паркы хӕрзарӕзтады ма ис чысыл баххӕстгӕнинӕгтӕ.

"Парк рагӕй уыд, фӕлӕ дзы уыд аразинагтӕ. Сӕвӕрдтой дзы тренажертӕ. Горӕт Къуайсайы ЦКХ дзы сарӕзтой беседкӕ, ӕмбӕлон уагмӕ кӕнынц фонтан, йӕ дӕтты арӕх сӕхи фӕнайынц сывӕллӕттӕ",- загъта горӕты администрацийы сӕргълӕууӕг Бӕззаты Геннадий.
Къуыдаргомы фæуыд кæны Хуссар Иры иууыл бæрзонддæр аргъуан арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуаисайы фæуд кæны Хуссар Иры иууыл бæрзонддæр аргъуаны арæзтад

Паркы хӕрзарӕзтадыл ма горӕты цӕрӕн коммуналон хӕдзарадӕй дарддӕр архайы централон уынг цы арӕзтадон фирма аразы, уый дӕр.

"Хетӕгкаты Къостайы уынгыл кусы арӕзтадон ӕрмӕджыты завод нардуатон организацийӕ ӕмӕ уыдон хъуамӕ саразой паркы ӕфсӕн ӕмбонд, сфӕлынддзысты йӕ ӕнусон змӕлды орнаментӕй",- бафтыдта уый.

Парк ма баххӕст кодтой бандӕттӕ ӕмӕ бырондӕттӕй дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0