90-æм азы юбилей: Хуссар Иры банысан кодтой УДӔ-йы бон

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры банысан кодтой УДӔ бон
Хуссар Иры банысан кодтой УДӔ бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ветерантӕ ӕмӕ УДӔ ахуыргӕнӕндоны курсанттӕ сӕвӕрдтой дидинджытæ Ӕнусон артмӕ ӕмӕ сорганизаци кодтой автозгъорд президенты хайадистӕй

ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы сӕвӕрдтой дидинджытӕ ӕмӕ веноктӕ Ӕнусон артмӕ Каде аллейыл Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты (УДӔ) 90-æм азы юбилейы цытӕн, къорд ветераны райстой майдантæ Уæрæсейы УДӔ-йæ, ӕфсӕддонтӕн раарфӕ кодтой тыхон ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты разамонджытӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Тыхон ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты разамонджытӕ
90-æм азы юбилей: Хуссар Иры банысан кодтой УДӔ-йы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыхон ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты разамонджытӕ

Ӕнусон арты цур ӕрӕмбырд сты Рязаны уӕлдӕфон-ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндоны курсанттӕ æмæ УДӔ ветерантӕ, мадзалмæ æрбацыд президент Бибылты Анатолий, уый йæхæдæг дæр каст фæцис банысангонд уæлдæр ахуыргæнæндон.

© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты (УДӔ) 90-æм азы юбилейы цытӕн, къорд ветераны райстой майдантæ
90-æм азы юбилей: Хуссар Иры банысан кодтой УДӔ-йы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты (УДӔ) 90-æм азы юбилейы цытӕн, къорд ветераны райстой майдантæ

Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта ветерантӕн бӕрӕгбоны цытӕн.

"Ӕхсызгон мын у сымахæн арфæ кæнын. Сымах стут иууыл цырддæр, дæнцæг кæмæй исынц æмæ æппæт Уæрæсе сæрыстыр кæмæй у, уыцы æфсад. Бузныг уын уæ службæйы тыххæй", - загъта президент.

Уый фæстæ паддзахады сæргълæууæг схорзæхджын кодта Уæрæсейы УДӔ-йы юбилейон майдантæй 39 адæймаджы.

Уый фæстæ ветерантӕ ӕмӕ УДӔ ахуыргӕнӕндоны курсанттӕ сӕвӕрдтой дидинджытæ Ӕнусон артмӕ ӕмӕ сорганизаци кодтой автозгъорд президенты хайадистӕй.

© Sputnik / Natalia Airiyan Автозгъорд президенты хайадистӕй
90-æм азы юбилей: Хуссар Иры банысан кодтой УДӔ-йы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автозгъорд президенты хайадистӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0