Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕджы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ Къӕбулты Зауыры бавӕрдтой Хуссар Ирыстоны Националон пантеоны

ЦХИНВАЛ, 3 авг – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы фӕстаг хӕзбон загътой Хуссар Ирыстоны Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн.

Биолог ӕмӕ зынгӕ ахуыргонд Къӕбулты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Йӕ цардӕй ахицӕн "Хуссар Ирыстоны Сырх чиныг"-ы автор

Зындгонд ахуыргонд дендролог ахицӕн йӕ цардӕй 82 азы кары. Уый амард Цӕгат Ирыстоны, уырдыгӕй йын йӕ мӕрдон буар ӕрластой Хуссар Ирыстонмӕ. Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты ахизыныл тобӕйы тыххӕй Къӕбулты Зауыры хиуӕттӕ не рцыдысты.

Къӕбулты Зауырӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыд республикӕйы къухдариуӕгад президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй, йӕ коллегӕтӕ Хуссар Ирыстоны университет ӕмӕ зонадон-иртасӕн институтӕй.

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн

"Мах фӕстаг хӕрзбон дзурӕм нӕ зынаргъ адӕймагӕн. Иууылдӕр зонынц йӕ куыст "Хуссар Ирыстоны Сырх чиныджы" тыххӕй, фӕлӕ уымӕн ис ноджы бирӕ зонадон куыстытӕ, кӕцытӕ зындгонд сты ӕрмӕст Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы нӕ, фӕлӕ ма фӕсарӕнты дӕр. Куы-иу базыдта иу рагон бӕласы тыххӕй дӕр, уӕд-иу мӕ ракуырдта ацӕуын йемӕ, цӕмӕй бӕлас бахӕссой реестрмӕ ӕмӕ ма фесӕфа", - радзырдта Зонадон-иртасӕн институты директор Гаглойты Роберт.

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн

Гаглойты Роберт банысан кодта, ахуыргонды кӕй фӕндыд саразын тобӕгонд зонӕтӕ Тлигом ӕмӕ Ручъы комы, ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, йӕ фӕдонтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзысты Къӕбулты Зауыры фӕндтӕ.

ХИПУ ректор Тедеты Вадим загъта, Къӕбулты Зауыры кӕй зыдта куыд хорз коллегӕ, сыхаг ӕмӕ ахуыргӕнӕг.

"Уый йӕ фӕстӕ ныууагъта стыр фӕд. Стыр куыст бакодта Сырх чиныг саразыны фӕдыл, ӕркодта бирӕ ахуыргондты Уӕрӕсейӕ", - загъта ректор.

Къӕбулты Зауыры бавӕрдтой Националон пантеоны ахуыргонд ӕмӕ академик Джусойты Нафийы цур.

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауырӕн

Биологон зонӕдты кандидат Къӕбулты Зауыр фӕстаг ӕзты куыста Хуссары Ирыстоны паддзахадон университеты, уыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕрдзӕвӕрӕны директоры хӕдивӕг. 2018 азы президент ахуыргонды схорзӕхджын кодта республикӕйӕ уӕлдӕр хорзӕх - "Кады орден"-ӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0