Хуссар Иры нӕй ног рынчынтӕ коронавирусӕй - "Югосетпотребнадзор"

© AFP 2022 / Nhac NguyenПандеми
Пандеми - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
COVID-19-æй фæстаг рынчынты Хуссар Ирыстоны рабæрæг кодтой 16 июлы. Уæдæй абоны онг республикæйы нæ фæзынд иу ног рынчын дæр

ЦХИНВАЛ, 17 авг – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны фæстаг суткæйы дæргъы нæ рабæрæг кодтой ног рынчынтæ коронавирусæй, фехъусын кодта майрæмбоны сæйраг санитарон дохтыры хæдивæг Гаглойты Анна.

"Нӕ рабӕрӕг кодтам иу ног фӕрынчынуӕвӕджы дӕр фӕстаг суткӕйы", - загъта уый.

Гаглойты Анна банысан кодта, ивгъуыд улӕфт бонты коронавирус рафӕлгъауыны тыххӕй республикӕйы кӕй сарӕзтой 80 тесты, пандемийы райдианӕй та - 4315. Дохтырты хъусдарды бын карантины сты 188 адæймаджы.

Хуссар Ирыстоны дарддӕр ис ӕнӕмӕнг карантин ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0