Хуссар Иры хицауады базонгӕ кӕндзысты Ленингоры районы цӕрджыты проблемӕтимӕ

© Пресс-служба президента РЮОДепутат Дриаты Заза фембӕлд Ленингоры цӕрджытимӕ
Депутат Дриаты Заза фембӕлд Ленингоры цӕрджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Поселочы цӕрджытӕ радзырдтой парламенты депутатӕн сӕ проблемӕты тыххӕй – ахӕм фембӕлдтӕ ацӕудзысты Ленингоры районы ӕндӕр хъӕуты дӕр

ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik. Ленингоры цӕрджытӕн фадат нӕй ацӕуын республикӕйӕ хоскӕнынадмӕ ӕмӕ пенситӕ райсынмӕ пандемийы тыххӕй – уый у районы сӕйраг проблемӕ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны парламенты депутат, ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты фӕдыл комитеты сӕрдар Дриаты Заза.

Закондӕттӕг органы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй депутат бабӕрӕг кодта Ленингоры сабидон ӕмӕ рынчындон, афтӕ ма ӕрныхас кодта поселочы цӕрджытимӕ.

© Пресс-служба парламента РЮОДепутат Дриаты Заза фембӕлд Ленингоры цӕрджытимӕ
Хуссар Иры хицауады базонгӕ кӕндзысты Ленингоры районы цӕрджыты проблемӕтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Депутат Дриаты Заза фембӕлд Ленингоры цӕрджытимӕ

"Ленингоры районы ис бирӕ проблемон фарстытӕ, уыдон хъӕуы скъуыддзаг кӕнын. Адӕмы тыхсын кӕны фӕндаджы баконд, хиуӕттӕн фадат нӕй кӕрӕдзи уынын, пенсиисджытӕн та сӕ пенситӕ райсын. Ис дзы бирӕ рынчын адӕм, кӕцытӕн сӕ бон нӕу ацӕуын хоскӕнынадмӕ хӕстӕг республикӕмӕ. Мах сын баххуыс кӕнӕм Сырх Дзуары комитеты руаджы рацӕуын хоскӕнынад", - загъта Дриаты Заза.

Цӕрджытӕ хъазт кодтой хӕлцадон продуктты ӕргъты фӕфылдӕрыл, афтӕ ма газ ӕмӕ тыллӕг ӕфснайынӕн техникӕйы цухдзинадыл.

"Дыккаг проблемӕ у – студентты ацыд ахуырмӕ. Иу къорд ныридӕгӕн рауагътой, фӕлӕ ма дзы баззад цалдӕр адӕймаджы. Ӕз бадзурын парламенты сӕрдармӕ, ӕмӕ бӕстӕйы къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй сӕ хъус ӕрдарой Ленингоры районы проблемӕтӕм", - банысан кодта депутат.

Комитеты сӕрдар дзырд радта, кӕй базонгӕ кӕндзӕн цӕрджыты проблемӕтимӕ республикӕйы къухдариуӕгады ӕмӕ бафтыдта, ахӕм фембӕлдтӕ кӕй ацӕудзысты Ленингоры районы ӕндӕр цӕрӕг пунктты дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0